Нестор Суарез: ирон æвзаг у мæ æстæм æвзаг

© Sputnik / FacebookИрыстон æмæ Аргентинæйы тырысатæ
Ирыстон æмæ  Аргентинæйы тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нестор Суарез ирон ӕвзаг ахуыр кӕнын райдыдта цалдӕр мӕйы размӕ, фӕлӕ йын ныридӕгӕн ис стыр ӕнтыстытӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй ма сахуыр кодта Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 23 окт- Sputnik, Гæджиты Аидæ. Нестор Суарез йæ дыууын æртæ азы мидæг сахуыр кодта авд æвзаджы, æстæм та йын ссис ирон æвзаг. Аргентинаг горæт Креспойы цæрæг радзырдта Sputnik уацхæссæгæн йæ монцы — фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæныны тыххæй, афтæ ма куыд базыдта Ирыстоны æмæ ирæтты тыххæй, уыдӕттӕ.

"Зонын испайнаг, англисаг, немыцаг, венгриаг, æвзæгтæ, чысыл дзурын уырыссаг æмæ болгайраг æвзæгтыл. Мæ зæрдæмæ цæуы фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кæнын, уый руаджы зонгæ кæнын æндæр адæмты культурæимæ. Мæ куыст дæр баст у æвзагзонынадимæ, дæн англисаг æвзаджы ахуыргæнæг скъолайы", — дзуры Нестор.

Несторы схæццæ сты испайнаг, италиаг æмæ немыцаг туг. Фарстӕн — цы æвзаг нымайы мадæлонын — Нестор фидарæй дзуапп кæны, зæгъгæ, испайнаг.

"Мадæлоныл нымайын испайнаг æвзаг. Уыцы æвзагыл дзурынц мæ ныййарджытæ, уыцы æвзагыл у мæ хъуыдыкæнынад дæр", — дзуры аргентинӕйаг лӕппу.

Ирыстоны тыххæй базыдта бынтон æнæнхъæлæджы, youtube æрмæджытæ уынгæйæ сæмбæлд роликыл "Кӕд дӕхи хоныс ирон, уӕд дӕ мадӕлон ӕвзаг зон", кæцы пропагандæ кодта ирон æвзаг.

"Бацымыдис кодтон, цы адæмыхатт сты æмæ цы æвзагыл дзурынц. Уыцы тæккæ нæ бамбæрстон, цæуыл дзы цыд дзырд, фæлæ мæ зæрдæмæ фæцыд æвзаг. Уый размæ ахуыр кодтон æрмæстдæр индогермайнаг æмæ славяйнаг æвзæгтæ, ирон та хауы индоевропӕйаг мыггаджы æвзæгтæм. Бафæндыд мæ базонын ацы æвзæгты къорд дæр", — дзуры Суарез.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ирон ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн Несторӕн баххуыс кодта уырыссаг ӕвзаг.

"Æнæ уырыссаг æвзагæй мын нæ бантыстаид ирон æвзаг базонын, уымæн æмæ æппæт æххуысгæнæг æрмæг у фыст уырыссаг æвзагыл. Facebook руаджы базонгæ дæн ирон æвзагыл дзурджытимæ, кæцытæ мын æххуыс кодтой æвзаг базонын. Уыдонæн тынг æхсызгон уыд, аргентинӕйаг кæй ахуыр кæны ирон æвзаг", — дзуры Нестор.

Аргентинец Нестор Суарез читает стихотворение Коста Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аргентинӕйаг Нестор Суарез кӕсы Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ

Кӕд ирон æвзаджы ис ахæм ныхæстæ, кæцыты тынг зын у æндæр æвзагмæ ратæлмац кæнын, уӕддӕр Несторӕн бантыст уыдоны ӕввахс мидис бамбарын.

"Зæгъæм, ахæм ныхæстæ, куыд "æгъдæуттæ", "æфсæрм". "Æфсæрм", мæ хъуыдымæ гæсгæ, ис æрмæстдæр ирон культурæйы æмбарынады", — дзуры Нестор.

Ирон веб-сайттæй иуыл Нестор Суарез базонгæ ис Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ, йæ поэзи йæ бафтыдта дисы. Суарезы ныхæстæм гæсгæ, ирон цардуаджы фæлгонцæ æмæ нывты Къоста дзуры универсалон æмбарынæдтыл.

"Къоста у универсалон поэт, куыд Шекспир Англисæн æмæ Борхес та Аргентинæйæн. Æз нымайын, æнæхъæн дуне хъуамæ базона Къостайы, уый фæрцы та — ирон æвзаг", — банысан кодта Нестор.

Дард Аргентинæйы цæрæгимæ дзырд куы фæдæн, уæд мæ бон цавæрдæр рæстæг раздæхын нæ уыд мæ куыстмæ. Уый тынг диссаг у, Нестор Суарез, аргентинаг æмбæстаг — ахуыр кæны ирон æвзаг æмæ йæ тынг фæнды Ирыстонмæ æрцæуын. Уый æмрæстæджы мах, ирӕттӕ, Ирыстоны цæргæйæ, азæй азмæ не`взаг зонæм æвзæрæй æвзæрдæр. Афтӕ ӕвзӕр, ӕмӕ йӕ ЮНЕСКО дӕр бахаста мӕлӕг ӕвзӕгты къордмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0