Ӕртӕ ирон богалы тох кӕндзысты Европӕйы кубок рамбулыны сӕраппонд

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европӕйы нациты кубок рамбулыны ерысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй УФ спортивон кад хъахъхъӕндзысы Хуыгаты Алан, Байцаты Владислав ӕмӕ Уалыты Владислав.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты тренерон штаб сфидар кодта бӕстӕйы командӕйы сконд Европӕйы нациты кубок рамбулыны ерыстӕм. УФ командӕйы скондмӕ бацыд 16 спортсмены, уыдоны ӕхсӕн ӕртӕ ироны — Хуыгаты Алан, Байцаты Владислав ӕмӕ Уалыты Владислав, хъусын кӕны 15 регион.

"Командӕйы скондмӕ фылдӕр бӕрцӕй бахаудысты Уӕрӕсейы 2015 азы чемпионаты призертӕ, кӕцытӕ нырмӕ Европӕйы ӕмвӕзадыл нӕ тох кодтой", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕсейы командӕйы сконды цы ӕртӕ ирон спортсмены архайы, уыдонӕй дыууӕ — Хуыгаты Алан ӕмӕ Байцаты Владислав архайынц 125 кг уӕзы.

Европӕйы нациты кубок рамбулыны ерыстӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй цӕудзӕн 6-8 ноябры Мӕскуыйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0