ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Ирвæзынгæнджытæ ссардтой Эльбрусы къуылдымыл дзæуджыхъæуккаг туристты, кæцытæ хуыцаубоны фæдзæгъæл сты 4,8 мин метры бæрзæндыл, фехъусын кодта 15 регион УУМ-ы Эльбрусы уæлхох сгарæн-ирвæзынгæнæн къорды (ЭУСИК) сæргълæууæджы хæдивæг Альберт Хаджиев.
"ЭУСИК-ы кусджытæ ссардтой Эльбрусы къуылдымыл дыууæ дзæуджыхъæуккаг туристы, кæцытæ хуыцаубоны фæдзæгъæл сты 4,8 мин метры бæрзæндыл. Уыдон сты удæгас æмæ æнæниз, ныртæккæ сты "Марияйы аздоны", — загъта Альберт Хаджиев.
Уый ма банысан кодта æвзæр боныгъæды бæрæггæнæнтæ.
"Хохыл ныртæккæ ис æвзæр боныгъæд, фæлæ уый туристты нæ уромы, æмæ ацы адæм дæр фæдзæгъæл сты æвзæр боныгъæды аххосæй", — загъта Хаджиев.
Йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ирвæзынгæнæн операцийы хайад райстой ЭУСИК-ы 10 кусæджы.