Альпинисттæ ахиздзысты Сæйраг Кавказаг рагъыл Хуссар Ирыстонмæ

© Sputnik / Анатолий АбисаловРафаэль Рамазанов на вершине Эльбруса
Рафаэль Рамазанов на вершине Эльбруса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлхох рахызт Хуссар Ирыстоны 25 азы юбилейæн нывонд кæй у, уымæ гæсгæ маршруты дæргъ дæр æвзæрст у юбилейон датæйы корректировкæмæ гæсгæ æмæ у 25 километры.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Цæгатирыстойнаг альпинисттæ сараздзысты тагъд хæххон рахызт Сæйраг Кавказаг рагъы уылты Хуссар Ирыстонмæ, фехъусын кодта Sputnik РЦИ-А скайраннингы сæргълæууæг, Уæрæсейы сгуыхт ирвæзынгæнæг Абисалты Анатолий.

Марафоны маршрут — Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирыстонмæ Халацайы хохы сæртыл (3939 м), у Хуссар Ирыстоны иууыл бæрзонддæр хох.

"Марафон нывонд у Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады 25 азы сæххæстæн, маршруты дæргъ дæр æвзæрст у юбилейон датæйы корректировкæмæ гæсгæ æмæ у 25 километры", — банысан кодта Абисалты Анатолий.

Уый радзырдта, мадзалы ма хайад кæй райсдзысты Цæгаткавказаг республикæты спортсментæ. Цæгат Ирыстон дзы æвдисдзысты Рамазанты Рафаэль æмæ Зæнджиты Тотраз. Марафон уагъд æрцæудзæн 2015 азы ноябры.

Абисалы фырт ма банысан кодта, Кавказы иууыл рæсугъддæр хох Халаца рагæй фæстæмæ йæхимæ кæй æлвасы бæлцæтты. Фыццаг ацы бæрзондыл схызт уæрæсейаг альпинист Андрей Пастухов 1892 азы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0