Козаты Аслан: ӕз сахуыр дæн зындзинæдтыл æмæ нæ агурын рог фæндæгтæ

© ВКонтактеБоксер Козаты Аслан
Боксер  Козаты  Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чысылæй Аслан йӕ спортивон карьерӕ райдыдта каратейæ, фæстæдæр йæ фыды бафæндыд, цæмæй йæ фырт суа хъæбысæйхæцæг. Ныртæккæ Козаты Асланбег у дунейыл хъуыстгонд ирон боксер-профессионал.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Козаты Диана. Йæ 27 азмæ ирон боксер-профессионал Козаты Асланбегæн бантыст йæ ном æппæт дунейыл айзæлын кæнын. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн лæмбынæг хъусдард ис се `мзæххоны æнтыстытæм. Спортсмен радзырдта Sputnik уацхæссæгæн, куыд фæцайдагъ боксыл, æмæ цæмæн равзæрста спорты ацы хуыз.

Профессионалон рингмæ Аслан фыццаг хатт рахызт 2008 азы. Уый у ахæм титулты хицау, куыд WBC-йы версимæ гæсгæ Европæйы чемпион, WBC-йы версимæ гæсгæ æрыгæтты æхсæн дунейы интерконтиненталон чемпион, Азийы чемпион хистæрты æхсæн. Йæ спортивон карьерæйы ис 28 тохы. Дыууын æхсæзы дзы фæуæлахиз, иуы фембылд, иу та дзы ауагъта æмдыхæй.

"Мæ фыд Козаты Радион у каратист. Райдыдта мемæ кусын æхсæзаздзыдæй. Йæ нысаныл нæ нымадта мæнæй чемпион схъомыл кæнын. Хъахъхъæдта мæ уынджы æндæвдадæй, фæндыд æй, цæмæй хъомыл кæнон æнæнизӕй. 10 аз мыл куы цыд, уæд мæ сфæнд кодта уæгъдибар хъæбысхæстмæ бакӕнын. Фæлæ æз уарзтон хыл кæнын æмæ бацыдтæн боксмæ", — дзуры Аслан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, профессионалон хæцæг кæй ссис, уыцы хъуыддаджы йыл иууыл тынгдæр бандæвта йæ фыд. Зæгъгæ, йæ фыд куыннæ уыдаид, уæд ын ахæм бæрзонд æнтыстытæ нæ уыдаид.

Фыццаг хатт профессионалон рингмæ Аслан рахызт 2008 азы марты. Йæ ныхмæлæууæг разынд Андрей Корченевский, кæцыйыл фæуæлахиз цыппарраундон тохы. Уый дзуры, æппындæр кæй нæ тарст, "мæт кодтон æрмæстдæр ууыл, æмæ мæхи æвзæр ма равдисон".

© Sputnik / FacebookКозаты Асланы фыццаг тох.
Первый бой Козаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Асланы фыццаг тох.

Йæ ныхмæлæудтæй иууыл ахсджиагылдæр нымайы, фондз азы размæ йе`фсымæр Козаты Хетæджы номарæн турниры фæлгæтты цы тох ауагъта, уый. Асланы къухты бафтыд триумфалон уæлахиз — ссис WBC-йы версимæ гæсгæ æрыгæтты æхсæн дунейы чемпион.

"Ацы уæлахиз мын у тыг ахсджиаг æмæ зынаргъ", — дзуры спортсмен.

Иууыл вазыгджын æмæ серьезон ныхмæлæууæгыл нымайы бельгиаг боксер Саша Енгояны. 2012 азы Енгоянимæ тохы ирон боксер бахъахъхъæдта EBU-EU-йы (Евроцæдисы бæстæты æхсæн Европæйы чемпион) титул.

Спортсмены тренер Сланты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, уый уыд "иттæг хорз, тынг æндыгъд ныхмæлæуд. Интригæ хъахъхъæд цыд фæстаг секъунды онг".

Аслан йæ спортивон карьерæйы æрмæстдæр иу хатт фембылд æмæ иу хатт та фембæлд ауагъта æмдыхæй. Бирæты, уыдон нымæцы йæ тренерты нымадмæ гæсгæ дӕр, ацы фæстиуджытæ сты дызæрдыггаг.

"Мæхæдæг дæн аххосджын. Алыхаттдæр хъæуы æмбулын, цæмæй мацы фарстытæ æвзæра", — бафиппайдта спортсмен.

Аслан азæй фылдæр нæ рахызт рингмæ, ноябры та хъæудзæн дыууæ чемпионаг титулы тыххæй тох ауадзын — Дунеон боксерон ассоциацийы (WBA) версимæ гæсгæ дунейы интерконтиненталон чемпионы æмæ Дунеон боксерон организацийы (WBO) версимæ гæсгæ Цæгат Америчы чемпионы титулы тыххæй. Йæ ныхмæлæууæг — украинæйаг Тарас Шелестюк.

"Рагæй нал бокс кодтон, уымæн æмæ ацыдтæн промоутерæй. Агуырдтон хуыздæр варианттæ. Физикон æгъдауæй мæхи хатын иттæг хорз. Ныхмæлæудмæ мæхи цæттæ кæнын Лос-Анджелесы, мексикæйаг тренертимæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мын уæлахизæн ис егъау фадæттæ. Ныхмæлæууæг у серьезон, фæлæ æз ахуыр дæн ахæм тохтыл æмæ рог фæндæгтæ нæ агурын", — дзуры Аслан.

Сланты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, Асланæн ныртæккæ ис хорз физикон цæттæдзинад, ацы тох та йын фадат ратдзæн дунейон боксы элитæмæ бацæуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0