ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны мыхуыры рацыд зынгӕ ирон поэт, журналист ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Дыгъуызты Тенгизы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ӕвзист суадон", хъусын кӕны ПТРК "Алания".
Дыгъуызты Тенгизӕн ныр ацы рауагъд у йӕ ӕмдзӕвгтӕты 12-ӕм ӕмбырдгонд. 2011 азы йын лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисты ном.
"Чиныг "Ӕвзист суадон" мыхуыр ӕрцыд авторы 55 азы юбилеймӕ. Рауагъдмӕ бацыдысты ирон ӕвзагыл фыст ӕмдзӕвгӕтӕ. Чиныджы презентацимӕ се 'мкусæг æмæ æмбалæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, скъоладзаутæ", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Дыгъуызты Тенгиз райгуырд Хуссар Ирыстоны 1959 азы Сатихъары хъӕуы. Йе ‘мдзӕвгӕты фыццаг ӕмбырдгонд "Судз ме ‘стъалы" рацыд 1979 азы. Ис ын бирӕ куыстыӕ публицистикӕйы дӕр, фыссы культурӕ ӕм традицитыл, афтӕ ма Ирыстоны хуссар хайы ӕмӕ Абхазы ӕрцӕугӕ цаутыл. Дыгъуызты Тенгиз у Уæрæсейы фысджыты цæдисы ӕмӕ журналистты цæдисы уæнг, стӕй ма Уӕрӕсейы литературон ӕмӕхсӕнады регионалон хайады директор.