Хуссар Иры барджытӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты бӕхты дугъы

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæБӕхты дугъ
Бӕхты дугъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джеры комы ӕртӕ километры дӕргъӕн маршруты дугъуадзджытӕ бавзардзысты сӕ тыхтӕ, ӕнтыстджындӕр барджытӕ райсдзысты ӕхцайы премитӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Джеры комы дыццӕджы барджытӕ сӕ арӕхстдзинад ӕвзардзысты бӕхты дугъы уадзынӕй, фехъусын кодта Sputnik мадзалы организатор Къӕбулты Ренат.

Барджытӕ дугъ кӕндзысты Джеры комы иу сыгъдӕг бынатӕй иннӕмӕ. Организаторы фӕндмӕ гӕсгӕ, фидӕны дугътӕ ӕндӕр районтӕм дӕр ахиздзысты.

"Бӕхты дугътӕ аразын мӕ фыд Къӕбулты Хъазбег ӕмӕ ме ‘фсымӕр Къӕбулты Юрийы рухс нӕмтӕ ссарыны нысанӕн. Дугътӕ райдайдзысты райсом 11 сахатыл мӕ райгуырӕн хъӕу Хъуыриайы. Нӕ фӕкъуылымпы уыдзыстӕм, цыфӕнды боныгъӕд ма скӕна, уӕддӕр", — радзырдта Къӕбулты Ренат.

Бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты ныр фӕндзӕм хатт. Ам сӕ тыхтӕ февзарынц нӕ республикӕйы дӕсныдӕр барджытӕ ӕмӕ цырддӕр бӕхтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0