Хуссар Ир æмæ Абхазы хæстыты инвалидтæ бафысдзысты æмгуысткæнынады бадзырд

© Sputnik / Дина ГассиеваХуссарирыстойнаг инвалидты фонды президент Плиты Мӕдинæ
Хуссарирыстойнаг инвалидты фонды президент Плиты Мӕдинæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырды фӕлгӕтты дыууӕ бӕстӕйы минӕвӕрттӕ ӕххуыс кӕндзысты кӕрӕдзийӕн гуманитарон къабазы.

ЦХИНВАЛ, 27 окт-Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ирвӕзынгӕнӕн хӕстыты инвалидты фондтӕ бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг инвалидты фонды президент Плиты Мӕдинæ.

Цхинвалы 2005 азы арӕзт ӕрцыд "1989-2008 азты РХИ-ы территорийыл æфсæддон архæйдтыты рæстæджы инвалидтæ чи ссисты, уыцы фæцæфуæвæг адæмы фонд". Уӕдӕй фӕстӕмӕ фонд баххуыс кодта дӕсгай адӕймӕгтӕн се ‘нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнын, реабилитаци рацӕуын, протезтӕ самал кӕнын.

"Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты инвалидты фондимӕ бадзырд рагхыгъд кæны æмгуыстад фылдæр бæрцæй гуманитарон къабазы. Абхазæгтæ феххуыс кæндзысты нæ инвалидтæн протезтæ сæвæрынæн. Афтӕ ма дыууӕ бӕстӕйы инвалидтæ цæудзысты улæфынмæ æфсымæрон республикæтæм", — радзырдта Плиты Мӕдинæ.

Фонды президент куыд банысан кодта, афтӕмӕй ма бадзырд рагхыгъд кæны абхазаг коллегӕтимӕ æндæр къабазты æмархайд дæр. Ныртæккæ куыст цæуы бадзырды иннæ пункттыл.

Плиты Мӕдинӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕввахс рӕстӕджы фонды къухдариуӕгад бадзырды пункттимӕ базонгӕ кӕндзӕн республикӕйы президенты дӕр.

Хуссарирыстойнаг инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвӕг хӕстонты фонды ис 200 адӕймаджы онг. Фыццаг рады фонды кусджытӕ ӕххуыс кӕнынц хӕсты рӕстӕджы уӕззау цӕфтӕ чи райста, ӕмӕ се ‘нӕниздзинад ӕвӕстиатӕй фӕхуыздӕр кӕнинаг кӕмӕн у, уыцы адӕмӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0