ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад Уӕрӕсейы архайы, цæмæй ӕрбӕстон кӕна Æрдзон ресурсты фæдыл комитеты сæргълæууæг Бестауты Балайы алыварс сӕвзӕргӕ уавӕр, фехъусын кодтой Sputnik дипломатон минæварады пресс-службæйы.
Бестауты Бала у æхсæнадон æмæ политикон архайæг, V æрсидты депутат, Хуссар Ирыстоны хæсты хайадисæг. 8 октябры йæ æрурæдтой паддзахадон арæныл, "Дæллаг Зæрæмæджы" уадзæн пункты. Ахæм инцидент æрцыд дыккаг хатт, 2012 азы ма йæ æрурæдтой хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг арæныл.
Официалон информацимæ гæсгæ, хуссариыстойнаг чиновникы æрурæдтой Гуырдзыстоны домæнмæ гæсгæ, кæцы йæ радта Интерполы хаххыл дунейон агуырдмæ.
"Президент Тыбылты Леониды барамындмæ гæсгæ, минæварад исы æппæт мадзæлттæ дæр, цӕмӕй Бестауты Балайæ ист æрцæуа арæнæвæрд", — дзырдæуы минæварады информацион хъусинаджы.
Дипломатон минæварады ма банысан кодтой, зæгъгæ, официалон информацимæ гæсгæ, хуссариыстойнаг чиновникы æрурæдтой Гуырдзыстоны домæнмæ гæсгæ, кæцы йæ радта Интерполы хаххыл дунейон агуырдмæ.
Таможнæйы Бестауты Балайы нæ уагътой æртæ сахатæй фылдæр рæстæг, æмæ йæ ауагътой æрмæстдæр, йӕ къамтæ ӕмӕ йын йе ‘нгуылдзты фæдтæ куы систой, уӕд.