РЦИ-А парламент æркæсдзæн муниципалон хицауады реформæмæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиРЦИ-А парламент æркæсдзæн муниципалон хицауады реформæмæ
РЦИ-А парламент æркæсдзæн муниципалон хицауады реформæмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Законыпроекты авторты хъуыдымæ гæсгæ, хицауады æххæстгæнæн æмæ закъондæттæн къабазты баиу фæахъаз уыдзæн бынæттон хицауады централизацийæн, афтæ ма фенгомдæр кæндзæн хицауады кусджыты æмæ адæмы бастдзинад.

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны парламент цыппæрæмы æркæсдзæн законыпроектмæ, кæцы фадат ратдзæн муниципалитетты сæргълæуджыты равзæрсты уагæвæрд фæивын æмæ муниципалон хицауады реформæ ауадзын.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан парламентмæ бахаста закондæттæн инициативæ, кæцымæ гæсгæ хъæуты æмæ горæты хицауад хъуамæ æвдыст уа иу адæймагæй. Абон хицауадон æххæстбартæ дих цæуынц муниципалон сырæзты сæргълæууæг æмæ бынæттон хæдразамынады администрацийы æхсæн.

Æртыццæджы, муниципалон сырæзтыты сæргълæуджыты советы уæнгты раз йæ раныхасы рæстæджы Æгъуызарты Тамерлан банысан кодта, законыпроектмæ гæсгæ æнцондæр кӕй уыдзæн бæрнон кусджыты архайдмӕ хъус дарын.

"Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты муниципалон сырæзтты сæргълæуджыты æвзæрстыты ног реформæмæ рахызт фадат ратдзæн лæмбынæг хъус дарын кусджытæм, кæцытæ дзуапп дæттынц районты æмæ столицæйы уавæрæн", — банысан кодта Æгъуызарты Тамерлан.

© Сайт правительства РСО-АМуниципалон сырæзтыты советы рабадт
Заседание Совета муниципальных образований - Sputnik Хуссар Ирыстон
Муниципалон сырæзтыты советы рабадт

Уый ма загъта, республикæйы къухдариуæгад разы кæй нæу алкæцыдæр муниципалон сырæзтты куыстимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бынæттон хæдразамынды иу орган дæр не `ххæст кæны йæ разы æвæрд хæстæ.

"Муниципалон сырæзтты сæргълæуджытæ цы фарстытæ æмæ хæслæвæрдтæ хъуамæ скъуыддзаг кæной, уыдон абон аззадысты фæсфæд. Æз фидарæй дзурын, Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты муниципалон сырæзтты сæргълæуджыты æвзæрстыты ног реформæмæ рахызты фæрцы фылдæр æрфарст уыдзæн равзæрстгонд кусджытæй", — загъта республикæйы сæргълæууæг.

Бон раздæр куыд рабæрæг, афтӕмӕй Дзæуджыхъæуы мэр ацыд отпусчы, уый фæстæ та бынтондæр ссæрибар кæндзæн йæ куысты бынат. Дзантиаты Сергейы архайд уыд республикæйы къухдариуæгад æмæ массон информацийы фæрæзты критикæйы бын.

Фæлæ ПТРК Аланийы комкоммæ эфиры Дзантиаты Сергей загъта, кæй у разы, республикæйы ног сæргълæууæг цы реформæтæ раразмæ кодта, уыдонимæ.

Мэры ацыдимæ кæрон æрцыдис Дзантиаты Сергей æмæ муниципалон сырæзты сæргълæууæг Хæдæрцаты Махарбегимæ конфликтæн, йæ мидис та уыд хицауадон бæрн дих кæнынæн. Дзантийы фырты æмæ Хæдæрцайы фырты ныхмæлæуд фенын кодта муниципалон управленийы ныры системæйы лæмæгъдзинад, цыран дыууæ чиновникы тох кæнынц, чи сæ "стырдæр" у.

Хъæппæрисы авторты хъуыдымæ гæсгæ, хицауады æххæстгæнæн æмæ закъондæттæн къабазты баиу фæахъаз уыдзæн бынæттон хæдразамынды централизацийæн, афтæ ма фенгомдæр кæндзæн хицауады кусджыты æмæ адæмы бастдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0