Автоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй

© Sputnik / Ада БагианАвтоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй
Автоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Машинæ змæлды ныхмæ æрурæды фæстиуæгæн шофыр аразы аварион уавæр, уымæ гæсгæ, уагæвæрдхалджытæм æнхъæлмæ кæсы ивар, кæнæ та бартæ цыппар мæйы æмгъуыдмæ байст, фехъусын кодтой Фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы управленийы (ФЗÆПИУ).

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекции райдыдта ивар кæнын скъæрджыты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй, фехъусын кодта цыппæрæмы Sputnik Фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы управленийы минæвар Уалыты Альмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныры закъонмæ гæсгæ уагæвæрдхалæг урæды тыххæй мадзæлттæ ист цæуынц рагæй, фæлæ фæстаг рæстæджы ФЗÆПИУ-йы инспектортæ уæлдай хъусдард здахынц змæлды ныхмæ урæд автотранспортмæ.

"Уый æвзæрын кæны аварион уавæр, уымæн æмæ машинæ æвиппайды рахизы ныхмæдзог хахмæ", — загъта Уалыты Альмæ.

Уый загъта, ахæм фæткхалӕн цауы фæстиуæгæн автотранспорты хицауæн байст кæй æрцæуынц йæ скъæрæджы бартæ æмæ паддзахадон номыртæ.

© Sputnik / Ада БагианАвтоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй
Парковка машин в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй

Кæд æмæ фæткхалæг уыцы рæстæджы бынаты нæ разына, уæд ын инспектортæ рафтауынц йæ номыртæ æмæ ныууадзынц фыстæг, чи æмæ сæ цæй тыххæй рафтыдта.

Скъæрæджы бартæ æмæ номыртæ фæстæмæ раздахыны тыххæй, машинæйы хицау хъуамæ бафида ивар банчы, науæд ын йæ скъæрæджы бартæ байсдзысты цыппар мæйы æмгъуыдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0