Цхинвалы ацӕудзӕн хъайтар Козаты Левы номарӕн турнир мини-футболӕй

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы ацӕудзӕн хъайтар Козаты Левы номарӕн турнир мини-футболӕй
Цхинвалы ацӕудзӕн хъайтар Козаты Левы номарӕн турнир мини-футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы фӕбӕрӕг уыдзӕн иууыл арӕхстджындӕр командӕ мини-футболӕй.

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Цхинвалы хистӕр кълӕсты ахуырдзауты ӕхсӕн уагъд ӕрцӕудзӕн Ирыстоны хъайтар Козаты Левы номарӕн турнир мини-футболӕй, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Турнир уагъд цӕуы сывӕллӕтты ӕхсӕн футбол рапарахат кӕнын ӕмӕ Ирыстоны хъайтар Козаты Левы рухс ном сӕнусон кӕныны нысанӕн.

"Турниры нысан у рӕзгӕ фӕлтӕртӕн спорты ацы хуыз бауарзын кӕнын ӕмӕ сын патриотикон хъомылад раттын. Ерыстӕ цӕудзысты 13 боны дӕргъы", — банысан кодта уагдоны пресс-секретарь Софа Исаакян.

Мини-футболы турнир цӕудзӕн футболы скъола "Фӕранк"-ы фӕзуаты 4-17 ноябрмӕ. Организаци йӕ кӕнынц Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет, Ӕхсӕнадон организаци "ЗИУ" ахуырад ӕмӕ хъахъхъӕнынады министрӕдты ӕмархадӕй.

Турнир хӕссы Ирыстоны хъайтар Козаты Левы рухс ном. Козаты Лев фӕмард 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы. Знаджы ныхмӕ тохы ӕвзонг лӕппу равдыста стыр хъӕбатырдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0