УФ Нымайæн палатæйы инспектортæ радзырдтой Тыбылты Леонидæн РХИ бакæнгæ куысты тыххæй

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауады агъуыст
РХИ хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Басгæрсты фæдыл хатдзæгон фæстиуджытæ сараздзæн УФ Нымайæн палатæйы коллеги, кæцы уагъд æрцæудзæн 2015 азы декабры фæстаг декадæйы.

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы делегаци радзырдта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонидæн республикæмæ цы уæрæсейаг фæрæзтæ цæуынц, уыдон куыд хардз цæуынц, уый тыххӕй, фехъусын кодта РХИ-йы президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Тыбылты Леонид йæхимæ райста Нымайæн палатæйы делегацийы, йӕ сконды уыдысты УФ Нымайæн палатæйы инспекцийы сæргълæууæджы хæдивæг Валерий Лепеха æмæ инспектортæ. Фембæлды ма хайад иста РХИ Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Гæбæраты Геннадий.

Валерий Лепехайы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны бирæ фæивта хорзӕрдæм.

"Нæ фæстаг балцæй фæстæмæ бирæ цыдæртæ фæивта хорзӕрдæм — документалонæй, нормативонæй, фидар æрцыдысты хатдзæгтæ раттыны æмæ объекттæ эксплуатацимæ раттыны регламенттæ æмæ æндæртæ", — загъта инспекцийы сæргълæууæджы хæдивæг.

Уыимæ иумæ банысан кодта, йæ бон кæй нæу исты хатдзæгтæ саразын, "уымæн æмæ хатдзæгон фæстиуджытæ сараздзæн УФ Нымайæн палатæйы коллеги, кæцы уагъд æрцæудзæн 2015 азы декабры фæстаг декадæйы".

"Ацы коллегийы фæстиуджытæм гæсгæ дæуæн, цытджын Леонид Харитоны фырт, бацæттæ кæндзыстæм бæстон информацион фыстæг нæ цæстæнгас, нæ аргъ æмæ нæ æнхъарæнтимæ, цæмæй Уæрæсейы Федерацийæ цы финансон фæрæзтæ цæуынц, уыдон хардз цæуой эффективонæй", — загъта Лепеха.

Президент банысан кодта, хуссарирыстойнаг фарс хорзыл кæй нымайы фæрæзтæ хардз кæныны фæдыл контролон мадзæлттæ.

"РХИ Контролон-нымайæн палатæ æмæ æндæр ведомствæтæ сараздзысты æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ цы фæрæзтæ цæуынц, уыдон хардз цæуой эффективонæй. Серьезон бындур æвæрд æрцæудзæн уагæвæрды тыххæй. Æхсызгон мын у, алцыдæр снысангонд системæмæ гæсгæ кæй цæудзæн", — загъта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0