Дзӕгъӕл куыйты нымӕц Цхинвалы уынгты тӕссагдзинад ӕвзӕрын кӕны цӕрджытӕм

© Sputnik / Олег РепуховДзӕгъӕл куыйтӕ Цхинвалы
Дзӕгъӕл куыйтӕ  Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрранизы профилактикæйы тыххæй паддзахадон программæ кæд фидаргонд æрцыд, уæддæр æнæхицау сырдты лæбурдтытæ фаронимæ абаргæйæ фæфылдæр сты дыууæ хатты.

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны æххæстгæнæн хицауады иуæй-иу органтæ æххæст бæрнимæ нæ кусынц цæрджыты дзæгъæл куыйтæй хъахъхъæныныл, фехъусын кодта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ.

Парламент майрæмбоны байхъуыста, 2015-2017 азты æрранизы профилактикæйы тыххæй паддзахадон программæ куыд æххæст цæуы, уый фæдыл информацимæ.

"Ацы программæйы цы ведомствӕтæ хайад исынц, уыдонæй бирæтæ нырма нæ æрæвнæлдтой мадзæлттæ уадзынмæ. Алы районон администрацийæн дæр рахицæн æрцыд фæйнæ 600 мин сомы крематоритæ балхæнынæн. Цхинвалы администрацийæ дарддæр сæ нырма ничи балхæдта. Уымæй дарддæр ма Ленингоры æмæ Дзауы районы дзæгъæл куыйты æппындæр не ‘хсынц, уый æмрæстæджы та уый у программæ реализаци кæныны сæйраг пункттæй иу", — загъта Коцты Марина.

Уый йæ ныхæстæ бафидар кодта статистикæйæ, кæцымæ гæсгæ ацы азы фараст мæйы мидæг дзæгъæл цæрæгойтæ æрхастой дыууæ хатт фылдæр зиан цæрджытæн фароны аналогион периодимæ абаргæйæ.

"Ацы аз банысан кодтам 505 лæбурды, фарон та фараст мæйы дæргъы ацы бæрæггæнæн уыд 298. Зианбаййафджыты нымæц фылдæр у горæты — 377 адæймаджы, сæ фылдæр сты сывæллæттæ", — загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты æмæ районты ветеринарон службæтæ хæрзифтонг не 'сты æрранизы ныхмæ вакцинæтæй.

Коцты Маринæ ма банысан кодта, программæ сæххæст кæныны хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуæг кæй ис ӕрдзон ресурсты комитетæн — йæ кусджытæ ацы мæй райдайдзысты хъæддаг сырдты æхсын, сæйраджыдæр бирæгътæ æмæ хъæддаг куыйты, кæцытæ уазæлтты нæ тæрсынц хæдзарон фос æмæ хъæуы цæрджытæм лæбурын.

Сæйраг санитарон дохтыр ма бафиппайдта зианбаййафджыты уӕлӕнгай ахаст сæ æнæниздзинадмæ. Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон фæхæцыны цауы фæстæ кæронмæ сæхицæн не `схос кæнынц, уымæ гæсгæ комитеты кусджытæ алы цауы фæстæ дæр сæ хъус дарынц, цæмæй цӕрджытӕ кæронмæ схос кæной сæхицæн.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Григорий Кулиджанов банхъардта, цæмæй фæфылдæр кӕной вакцинæтæ балхæнынæн фæрæзтæ.

"Медикаментты æргътæ цæхгæр кæй фæфылдæр сты, уый тыххæй тæссаг у, кæй не сфæраздзыстæм ацы финансон уаргъæвæрд ", — загъта уый.

Рабадты хайадисæг горæт æмæ районты сæргълæуджытæм депутаттæ æрсидтысты, цæмæй æххæстбæрнæй бацæуой æрранизы профилактикæйы тыххæй паддзахадон программæйы реализацимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0