Суринов: Хуссар Ирыстоны сфыст уагъд æрцыд ИНО-йы рекомендацитæм гæсгæ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны цӕрджыты иумæйаг сфыст
Хуссар Ирыстоны цӕрджыты иумæйаг сфыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕрджыты сфысты развæлгъау бæрæггæнæнтæ фехъусын кæндзысты ацы азы кæрон.

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджыты иумæйаг сфыст уагъд æрцыд Иугонд нациты организацийы (ИНО) рекомендацитæм гæсгæ æмæ уыд адæймаджы бартæ хъахъхъæнынады æнæкъæм цæстæнгасæй, фехъусын кодта УФ Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы къухдариуæггæнæг Александр Суринов президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы, фехъусын кодтой РХИ-йы президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

Иумиаг сфыст уагъд цæуы 15-30 октябры. Сфыст уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт дыууын фондз азы мидæг. Йӕ ауадзыны хъуыддаджы РХИ-йы Статуправленийæн баххуыс кодтой уæрæсейаг коллегæтæ.

"Мæ зонæнтæм гæсгæ, нæ коллегæтæ цы инструкцитæ бацæттæ кодтой, уыдоныл æрцыд лæмбынæг бакуыст, сфыстуадзджытæ уыдысты хæларзæрдæ æмæ хорз цæттæ. ИНО-йы рекомендацитæ иууылдæр æрцыдысты æххæст, иу цау дæр нæ уыд баст æвзагон æмæ националон миниуæджы дискриминациимæ", — загъта Александр Суринов.

Тыбылты Леонид бузныг загъта, ацы асджиаг хъуыддаджы хайад чи райста, æппæт уыцы адæмæн.

"Ацы хъуыддаджы хайад чи райста, уыдон иууылдæр бакодтой намысджын куыст æмæ куыстыты æнæмæгхъæуæг гуырахст. Мах алыхатт дæр райзæрдæ стæм нæ уæрæсейаг хæлæрттæй, кæцыты фæрцы нæ къухты æфты стыр æнтыстытæ", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сфысты развæлгъау бæрæггæнæнтæ бæрæг уыдзысты ацы азы кæронмæ, хатдзæгонтæ та мыхуыр æрцæудзысты 2016 азы июлы. Фæстиуджытæ мыхуыр æрцæудзысты хицæн æмбырдгондæй, уымæй дарддæр ма, бæрæггæнæнтæ (персоналон æмæ ма паддзахады æдасдзинадæн тас цы зонæнтæ хæссынц, уыдонæй дарддæр), æвæрд уыдзысты Статуправленийы сайтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0