Æгъуызарты Тамерлан райста йæ сæрмагонд контролмæ Цкъаты Владимиры амæлæты хъуыддаг

© Sputnik / Дзерасса БиазартиДзæуджыхъæуы уагъд æрцыд митинг барадхъахъхъæнæн органты хивасты ныхмæ.
Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд митинг барадхъахъхъæнæн органты хивасты ныхмæ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цкъаты Владимиры хæстæджытæ æмæ хиуæтты скондæй инициативон къорд абон райсом фембæлд республикæйы сæргълæууæгимæ. Республикæйы сæргълæууæг фидарæй загъта, аххосджынтæ кæй баййафдзысты æфхæрд.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд митинг барадхъахъхъæнæн органты хивасты ныхмæ. Ӕрӕмбырдуӕвджыты ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд æхсæв 37-аздзыд Цкъаты Владимир амард Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты министрады управленийы кусджыты фыдгæнон миты фæстиуæгæн.

Цкъаты Владимиры хæстæджытæ æмæ хиуæтты скондæй инициативон къорд абон райсом фембæлд республикæйы сæргълæууæгимæ. Фембæлды рæстæджы Æгъуызарты Тамерлан банысан кодта, зӕгъгӕ, зын у ныхæстæ ссарын ацы æбуалгъ фыдракæнды тыххӕй. Республикæйы сæргълæууæг фидарæй загъта, аххосджынтæ кæй баййафдзысты æфхæрд.

Инициативон къордимæ фембæлды фæстæ, республикæйы сæргълæууæг рахызт уынгмæ, цæмæй æрныхас кæна, фæзуатмæ чи æрбамбырд, уыдонимæ. Æгъуызарты Тамерланмæ æрсидгæйæ, митингы хайадисджытæ банысан кодтой, хъуыддаг раст æвзæрст кæй æрцæудзæн æрмæстдæр йæ комкоммæ хайадистæй.

"Мах æууæндæм æрмæст дæуыл, æмæ нæ ис æрмæстдæр дæ ныфс", — банысан кодтой пикеты хайадисджытæ.

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, министр Артур Ахметханов йæ указæй сæ куыстæй ссæрибар кодта тугтæрхонон агуырды æртæ кусæджы æмæ Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты министрады управленийы оперативон куысты фæдыл сæргълæууæджы хæдивæджы.

Абон фæмардуæвæджы бинонтимæ фембæлды рæстæджы Ахметханов загъта, мидхъуыддæгты министрад кæй уадзы мидæггагон басгæрст, уымæй дарддæр ма хъуыддагыл кæй кусы республикон прокуратурæ.

Уый æмрæстæджы мидхъуыддæгты министрады сайтыл апаратхонд æрцыд информаци, кæцымæ гæсгæ 31 октябры полицийы хайадмæ бакодтой 37-аздзыд Дзæуджыхъæуы цæрæджы. Ныхасы рæстæджы нæлгоймаг йæхи дардта агрессивонӕй. Æртхъирæн кодта, зæгъгæ йæ куыннæ ссæрибар кæной, уæд йæхицæн буарзиан æрхæсдзæн æмæ прокуратурæмæ та ныффысдзæн, кæй йæ фæнадтой полицийы кусджытæ. Уый фæстæ фæгæпп кодта бандонæй æмæ цалдæр хатт йæ сæр фæцæф кодта полыл.

Мидхъуыддæгты министрады ацы информаци ныридæгæн сæвзæрын кодта мæстыйы æнкъарæнтæ социалон хызы, уымæн æмæ интернеты апарахатгонд къамты фæмардуæвæг нæлгоймаджы буарыл бæрæгæй зынынц тыхмиты фæдтæ: бирæнымæц тугдæппæлттæ, саст уæрджытæ æмæ роцъо, арф фæдтæ (хъадамантæй).

Ног хабӕртты лентӕ
0