Цхинвайлæгтæн уынгты уавæр у тынг риссаг темæ. 2009 азы горæты дæлзæхх коммуникацитæ ивын куы райдыдтой, уæд уынгтæ иууылдæр æрцыдысты къахт. Раздæр æзты цæрджытæ рыгæй тыхстысты, фæззæджы та сæ фистæгæй искуыдæм цæуыны рæстæджы хъуыд резинæ цырыхъхъытæ дарын. Уымæ гæсгæ горæты уынгты хæрзарæзтадон куыстыты фæудмæ цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты æнæрхъæцæй. Централон уынгтæн сæ фылдæр æрцыдысты хæрзарæзт, горæтгæрон уынгты цæрджыты дæр ныфс ис, рохуаты кæй нæ аззайдзысты.
Горæты цæрджытæ раджы радтой Цхинвалы микрорайонтæн "сæхирдыгон" нæмттæ, уымæ гæсгæ инфографикæйы горæты районтæ фыст сты, цæрджытæ сæ куыд хонынц, афтæ.
Ацы куыстытæ ахæм гуырахсты уагъд цæуынц фыццаг хатт, уыдон сæххæст кæныны тыххæй фæрæзтæ æвæрд сты республикæйы экономикон-социалон райрæзты фæдыл инвестицион программæйы фæлгæтты.
2014 азы Цхинвалы хæрзарæзт æрцыдысты 10 централон уынджы, ацы аз нывæзты ис куыстытæ авд уынгыл, сæ фылдæр ныридæгæн æмбæрзт æрцыдысты асфальтæй. Уымæй дарддæр ма ивгъуыд аз Мамсырайы фырты уынг арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны хицауады фæрæзтæй. Ацы аз ма ноджы иу уынг — Ирæтты уынг — арæзт цæуы фæстауæрцон фæрæзты фæрцы.
2016 азы инвестпрограммæйы æвæрд ис 11 уынджы хæрзарæзтадон куыстыты тыххæй фæрæзтæ.