Хаситы Михаил: спортӕй юморы архайын у зындӕр

© Архивное фотоХъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ "16+"
Хъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ 16+ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæлдзæг æмæ цыргъзонд фӕсивӕды клуб "16+" Цхинвалы фӕзынд 2013 ӕмӕ сын цыбыр ӕмгъуыдмӕ бантыст Уӕрӕсейы ӕнтыстджындӕр ӕвзонг командӕты ӕхсӕн сӕхицӕн хорз ном скӕнын. Ныр дӕр та ранӕуӕггонд скондӕй тырнынц аивады ног бӕрзӕндтӕм.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хъæлдзæг æмæ цыргъзонд фӕсивӕды клуб "16+" Цхинвалы фӕзынд 2013 азы. Йӕ сӕргълӕууӕг Хаситы Михаил Цӕгат Ирыстоны авд азы дӕргъы хъазыд ӕнтыстджын командӕтӕ "Двор" ӕмӕ "Разряд"-ы, уый фӕстӕ сфӕнд кодта Ирыстоны хуссар хайы сӕвӕллӕтты ӕхсӕн апарахат кӕнын, йӕхӕдӕг ӕнустӕм цы хъазт бауарзта, уый. Хъӕлдзӕг ӕмӕ дзырдарӕхст фӕсивӕды тыххӕй, йӕхи архайд, клуб ӕмӕ юморы тыххӕй Хаситы Михаил радзырдта Sputnik.

Командӕ сӕвзӕрд бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы. Хаситы Михаил университеты студентон совет ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады сывӕллӕтты хатӕны кусджытимӕ ацыд Цхинвалы аивӕдты лицеймӕ ахуырдзаутӕн хъомыладон ныхас ауадзыны нысанӕн.

"Фембӕлды рӕстӕджы мын ацы клуб саразыны тыххӕй мӕ фӕнд раргом кодта студентон советы уӕды хистӕр Хъуылымбегты Александр. Фембӕлды фӕстӕ мыл сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг ӕрӕмбырд сты, равдыстой тырнындзинад клубы архайынмӕ ӕмӕ уӕдӕй райдыдта йӕ куыст хъӕлдзӕг скъоладзауты клуб", — радзырдта клубы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Хаситы Михаил.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, клубы сконды ӕрӕмбырд сты Аивӕдты лицейы ӕмӕ фӕндзӕм скъолайы ахуырдзаутӕ, стӕй ма сӕм ӕрбамбал ис гуымсӕгыл дӕсны цӕгъдӕг Дудайты Къоста.

© Архивное фотоХъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ "16+"
Команда КВН 16+ г.Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ "16+"

Ныртӕккӕ клубы архайы 15 адӕймаджы. Изӕры аст сахатӕй фӕстӕмӕ, ахуыр ӕмӕ сӕ куыстыты фӕстӕ уыдон ӕртымбыл вӕййынц скъола —интернаты ныккӕндон хатӕны, цыран раздӕры спортивон залы архайынц фондзминутон программӕ ӕрӕмысын ӕмӕ бацӕттӕ кӕныныл. Фӕсивӕдыл мӕгуырау уавӕртӕ не ‘ндавынц. Хатӕны ис ӕрмӕстдӕр ӕрдӕгцъӕл бандон ӕмӕ зӕронд дуарӕй арӕзт фынг, фӕлӕ клубы уӕнгтӕ сӕ хатӕнӕй стыр райгонд сты. Нырмӕ сӕ репетицитӕ уагътой парламенты кӕрты.

Ныридӕгӕн клуб цӕттӕ кӕны йӕхи Уӕрӕсейы гом бавдыстон фестивалмӕ, кӕцы ацӕудзӕн Мӕскуыйы декабры райдайӕны. Уӕдмӕ хъуамӕ командӕ "16+" цӕттӕ уа УФ регионалон хъӕзтыты уӕлахиздзауты ӕмрӕнхъ быцӕуы аккаг нывӕзт равдисын ӕмӕ 30 командӕйы ӕхсӕн жюри ӕмӕ публикӕйы зӕрдӕтӕ балхӕнын ирон юморӕй.

"Командӕ "16+", Мӕскуыйы цӕрджыты юмор хынцгӕйӕ, йӕхи активонӕй цӕттӕ кӕны фестивалмӕ, фӕлӕ конкурсмӕ бахаудзыстӕм, уымӕй нӕ фидар ныфс нӕй. Финансон ӕгъдауӕй нӕм фӕкӕсы фӕсивӕдон политикӕйы комитет, фӕлӕ бирӕ вӕййы уӕлӕмхас хӕрдзтӕ, ӕмӕ ныр архайӕм спонсор ссарыныл", — дзуры Хаситы Михаил.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ Хуссар Ирыстоны ис бирӕ адӕм, кӕцытӕ ӕнтыстджынӕй архайдтой ацы фадыджы, фӕсивӕд сты курдиатджын, фӕлӕ семӕ ничи кусы, ничи сӕ разӕнгард кӕны аивады ног бӕрзӕндтӕм.

"Хуссар Ирыстоны исты ног хъуыддӕгтӕ саразыны фадӕттӕ сты, куыд интернеты гъӕд — цадæггай ӕмӕ зынаргъ. Мӕнмӕ гӕсгӕ, бынаты цас фӕнды бирӕ ма архайӕм, уӕддӕр хизын хъӕуы дунеон ӕмвӕзадмӕ", — дзуры "16+" къухдариуӕггӕнӕг.

© Архивное фотоХъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ "16+"
Команда КВН 16+ г.Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ "16+"

Хаситы Михаилы ныфс ис, ирон фӕсивӕд ӕхсӕнадӕмон конкурстӕ ӕмӕ хъӕзтыты куы архайой, уӕд иуӕй сӕхи ӕмвӕзад бӕрзонддӕр кӕндзысты, аннӕмӕй ӕндӕр адӕмты зонгӕ кӕндзысты ирон юморимӕ ӕмӕ иууыл ахсджиагдӕр та — ӕмбӕлдзысты зындгонд адӕмимӕ, артисттимӕ, пародисттимӕ.

"Мӕ зӕрдыл лӕууы иу цау — Мӕскуыйы вокзалы ӕнӕнхъӕлӕджы фембӕлдыстӕм Евгений Петросяныл. Фыр цинӕй йыл командӕйы уӕнг Бестауты Хетӕг йӕхи ныццавта ӕмӕ йемӕ къам исынмӕ фӕци. "Мӕнӕ ма Петросян"- йӕ дзыхы дзаг хъӕр кодта лӕппу йе ‘мгармӕ", — мысы хъӕлдзӕг цаутӕ уый.

Командӕйы уӕнг Кокойты Тимур ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы сӕ балцмӕ ӕмӕ стыр ныфсытӕ ӕвӕры ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзады сӕ фыццаг ралӕудӕй.

"Мах никӕй фӕзмӕм, иууыл ӕнтыстджындӕр командӕ уыдзыстӕм мах ӕмӕ ӕрхӕсдзыстӕм фыццаг бынат", — фидарӕй уырны уый.

Командӕ"16+" раздӕры хайадисджытӕ ныр каст фесты скъолатӕ ӕмӕ ныппырх сты УФ ахуыргӕнӕндӕттыл, стӕй ма сывӕллӕтты командӕйы карӕй дӕр ахызтысты. Ацы аз ног командӕйы скондмӕ фылдӕр бӕрцӕй бацыдысты скъола "Альбион"-ы ахуырдзаутӕ.

Республикӕйы хъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды цӕттӕ кӕнынц цыппар ӕвзонг лӕппуйы Хаситы Мишӕйы сӕргълӕудӕй. Уыдон сты, ацы хъазт ӕнустӕм чи бауарзта, ахӕм энтузиасттӕ — Цхуырбаты Сергей, Тадтаты Сослан ӕмӕ Тъехты Айвенго. Хӕларӕй, иу бинонтау хъӕрмудӕй уыдон ӕрвылбон дӕр цыргъӕй цыргъдӕр кӕнынц сӕ юмор ӕмӕ сӕ фидӕн уынынц, уӕрӕсейаг аналогион клубы президент Александр Масляков сын сӕрыстырӕй сӕ къухтӕ куыд исы ӕмӕ сын дӕтты уӕлахизы кубок.

Ног хабӕртты лентӕ
0