Президент сфидар кодта бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты ног къæлиндар

© Sputnik / Ада багианПрезидент сфидар кодта бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты ног къæлиндар
Президент сфидар кодта бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты ног къæлиндар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леониды барамындмӕ гӕсгӕ, ноябры улӕфт боныл нымад уыдзӕн ӕрмӕстдӕр 23 ноябры – уӕд Хуссар Ирыстон нысан кӕндзӕн йӕ ног историйы нысаниуӕгджындӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу - Хъæбатырдзинад ӕмӕ иудзинады бон.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды барамындмӕ гӕсгӕ фидар ӕрцыд бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты ног къæлиндар, фехъусын кодтой Sputnik президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

Ноябры бӕрӕгбонон боныл нымад цӕуы Адӕмты иудзинады бӕрӕгбон, кӕцы нысан цӕуы 4-ӕм ноябры. 23 ноябры та Хуссар Ирыстон банысан кӕндзӕн йӕ ног историйы нысаниуӕгджындӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу — Хъæбатырдзинад ӕмӕ иудзинады бон.

Барамындмӕ гӕсгӕ ма улæфт бонтæ сты 1-7 январь, 23 февраль, 8 март, 1 май, 9 май, 29 май, 12 июнь, 26 август, 20 сентябрь, 21 сентябрь, 23 ноябрь.

Бæрæгбӕттæ æмæ зæрдылдарæн бонты
къæлиндар:

1 январь — Ног аз;
7 январь — Чырыстийы райгуырæн бон;
12 январь — Прокуратурæйы кусæджы бон;
25 январь — Студентты бон (Татьянин день)

1 февраль — Зонады бон;
13 февраль — Уголовон-æххæстгæнæн системæйы бон;
14 февраль — Республикæ Хуссар Ирыстоны Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзты бон;
15 февраль — Хæстон-интернационалистты номарæн бон;
23 февраль — Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон;

8 март — Сылгоймæгты дунеон бон;
17 март — Цæрджыты цæрæнуатон-цардуагон æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты бон;
25 март — Культурæйы кусæджы бон;

8 апрель — Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы бон;
18 апрель — Цыртдзæвæнтæ æмæ историон бынæттæ хъахъхъæныны дунеон бон;
26 апрель — Сæудæджерад æмæ транспорты кусæджы бон;
Чырыстон Куадзæн — Уаз Чырыстийы Райгасы бон;

1 май — Уалдзæг æмæ фæллойы дунеон бæрæгбон;
9 май — Уæлахизы бон;
15 май — Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон;
15 май — Бинонты дунеон бон;
20 май — Мысæн бон;
28 май — Арæнхъахъхъæнæджы бон;
29 май — Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады бон;

1 июнь — Сабиты хъахъхъæныны дунеон бон;
5 июнь — Нæ алфамблай æрдз хъахъхъæныны дунеон бон. Экологы бон;
6 июнь — Уырыссаг æвзаджы бон;
8 июнь — Хуссар Ирыстоны советизацийы бон;
8 июнь — Социалон службæйы кусæджы бон;
12 июнь — Уæрæсейы бон;
Июны 3-аг хуыцаубон — Медицинон кусæджы бон;
22 июнь — Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдайæн (1941 аз);
27 июнь — Фæсивæды бон;
14 июль — Фидауынгæнæджы бон;
23 июль — Дзыллон информацион фæрæзты кусæджы бон;

8 август — Фыдохы бон. Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны уæрæхмасштабон хæстон агрессийы райдиан (2008 аз);
10 август — Физкультуроны бон;
11 август — Аразæджы бон;
26 август — Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон;
30 август — Тæрхондонон приставы бон;
30 август — Æбæрæгæй сæфт адæймæгты дунеон бон;

1 сентябрь — Зонындзинæдты бон;
15 сентябрь — Хъæды хæдзарады кусæджы бон;
15 сентябрь — Санитарон-эпидемиологон службæйы кусæджы бон;
19 сентябрь — Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы бон;
20 сентябрь — Республикæ Хуссар Ирыстоны бон;
21 сентябрь — Уаз Мадымайрæмы Райгуырæн бон;

5 октябрь — Ахуыргæнæджы бон;
15 октябрь — Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон;
16 октябрь — Хъалонисæг органты кусæджы бон;
Октябры 3-аг хуыцаубон — Фæндагон хæдзарады кусæджы бон;

2 ноябрь — Юристы бон;
4 ноябрь — Адæмон иудзинады бон;
7 ноябрь — Таможнæйон службæйы кусæджы бон;
10 ноябрь — Барадхъахъхъæнæг органты кусæджы бон;
17 ноябрь — Хъæууон хæдзарады кусæджы бон;
23 ноябрь — Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады бон;
25 ноябрь — Мады бон;

3 декабрь — Инвалидты дунеон бон;
10 декабрь — Адæймаджы барты бон;
15 декабрь — Энергетикы бон;
20 декабрь — Паддзахадон æдасдзинады органты кусæджы бон;
27 декабрь — Ирвæзынгæнæджы бон;

Ног хабӕртты лентӕ
0