Цхинвайлаг боксертӕ нымад ӕрцыдысты иууыл хуыздӕртыл Цӕгат-Кавказы

© Sputnik / Ада БагианӔхсӕнадӕмон турнир боксӕй Хуссар Ирыстоны
Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уалыты Алан ӕмӕ Коцты Георгийӕн нӕ разынд аккаг ныхмӕлӕууӕг Цӕгат Кавказы спортсменты ӕхсӕн ӕмӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ. Ӕндӕр ирон лӕппу Цхуырбаты Александр та бацахста дыккаг бынат. Спортсменты цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Хаситы Владислав ӕмӕ Гӕбӕраты Гамлет.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг боксертӕ Уалыты Алан ӕмӕ Коцты Георгий ссисты Цӕгат-Кавказы федералон зылды спортсменты ӕхсӕн турниры уӕлахиздзаутӕ, фехъусын кодта Sputnik РХИ боксы скъолайы сӕйраг тренер Хаситы Владислав.

Турниры Хуссар Ирыстонӕй архайдтой ӕртӕ спортсмены, уыдонӕй дыууӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, иу та сӕ бацахста дыккаг бынат.

"Райгондӕй баззадтӕн мӕ хъомылгӕнинӕгты архайдӕй. Уалыты лӕппу архайдта 56 килограммы уӕзы, Коцты Георгий та 76 килограммы уӕзы, дыууӕ дӕр бацахстой фыццаг бынӕттӕ. Не ‘ртыккаг минӕвар Цхуырбаты Александр дӕр бахауд призерты номхыгъдмӕ — уый та рамбылдта ӕвзист майдан", — радзырдта тренер.

Хаситы Владислав ма банысан кодта, ацы ӕртӕ лӕппу фӕсарӕйнаг ерыстӕм ӕрвыст кӕй ӕрцыдысты бынӕттон турниры се ‘нтыстджын архайды фӕстиуӕгӕн.

Цӕгат-Кавказы Федералон зылды горӕтты спортсменты ӕхсӕн турнир цыд Кӕсӕг-Балхъары Республикӕйы, горӕт Прохладныйы 31 октябрь ӕмӕ 1 ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0