Цхинвалы ауагътой Египеты авиакатастрофӕйы амӕттӕгты номарӕн литурги

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны ауагътой авиакатастрофӕйы амӕттӕгты номарӕн литурги
Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны ауагътой авиакатастрофӕйы амӕттӕгты номарӕн литурги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕмардуӕвӕг бӕлццӕттӕн уӕларвон цард ӕмӕ ӕнусон æнцойад бахӕлар кӕныны тыххӕй Сыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны Хуыцаумӕ скуывтой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Цхинвалы, Алайнаг епархийы сӕйраг аргъуаны уагъд ӕрцыд Египеты ӕрцӕугӕ авиакатастрофӕйы бабынуӕвӕг адӕмы Чырыстийы рухс бынатмӕ бахӕццӕ кӕныны тыххӕй Хуыцаумӕ скуывд. Авиакатастрофӕйы амӕттӕгтӕн уӕларвон цард ӕмӕ ӕнусон æнцойад бахӕлар кӕныны фӕдыл Хуыцаумӕ скуывынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕ. Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны азмӕлӕн дӕр нал уыд адӕмӕй.

"Ацы бонты ӕппӕт адӕм дӕр хъынцъым кӕнынц Уӕрӕсейы стыр трагедийыл. Абон Хуыцаумӕ кувӕм ӕнамонд рейсы бӕлццӕтты рухс бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕныны тыххӕй. Ирон адӕм бавзӕрстой стыр трагедитӕ — Беслӕн ӕмӕ 2008 азы хӕст, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ рыст сты зындзинæдтæй", — банысан кодта Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Симон.

Динамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр цалдӕр боны дӕргъы нӕ нымӕг кӕны адӕмы цыд аргъуанмӕ.

"Уӕрӕсейаг бӕлццӕттимӕ ӕрцӕугӕ бӕллӕх Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ арф райстой сӕ зӕрдӕтӕм, фӕстаг дыууӕ бон Мадымайрӕмы аргъуанмӕ цӕуы тынг бирӕ адӕм ӕмӕ судзынц цырӕгътӕ авиакатастрофӕйы амӕттӕгты се ‘нусон бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕныны тыххӕй", — загъта фыд Симон.

Литургийы фӕстӕ динамонджытӕ ӕрсидтысты адӕммӕ, цӕмӕй ӕдзухдӕр кувой Дунескӕнӕг Хуыцаумӕ фӕмардуӕвӕг адӕмы удтӕ фервӕзын кӕныны тыххӕй.

"Ӕнӕазым адӕмы ӕвирхъау мӕлӕты тыххӕй хъынцым кӕны Хуссар Иры алы адӕймаг дӕр, йӕ дин ӕмӕ нацимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ. Ахӕм уӕззау трагедиты алыхатт дӕр фӕагурынц азымджынты, фӕлӕ ныббыхсынӕн, маст сфӕразынӕн ӕнцойад дӕтты ӕрмӕстдӕр Дунескӕнӕг Хуыцау ӕмӕ уымӕ у абон не ‘скуывд", — загъта Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Алекси.

Авиакомпани "Когалымавиа"-йы хӕдтӕхӕг Airbus-321, кæцы сабаты рацæйтахт Шарм-эш-Шейхæй Санкт-Петербургмæ, æрхауд Синайы. Фæмард сты 217 бӕлццоны æмæ экипажы авд уæнджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0