Цæгат Ирыстоны уагъд æрцæудзысты Сыгъдæг Георгийы кастытæ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæАргъуан
Аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форумы хайад райсдзысты Дзуар ӕмӕ дзыллæйады минӕвӕрттӕ, ахуыргæндтæ, афтӕ ма хуссарирыстойнаг делегаци. Мадзæлтты иу хай уагъд æрцæудзæн Хуссар Иры дæр.

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны уагъд æрцæудзысты IV Сыгъдæг Георгийы кастытæ "Рæстдин. Энос. Культурæ", мадзæлтты иу хай гæнæн ис æмæ уагъд æрцæуа Хуссар Ирыстоны, хъусын кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон информацион портал Дзæуджыхъæуы Мадымайрæмы аргъуаны клирик Хъуысаты Игоры ныхӕстӕ.

Кастыты организатортæ сты Дзæуджыхъæуккаг епархи, Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ РЦИ-А-йы археологи æмæ историйы институт.

Форум йæ куыст райдайдзæн 23 ноябры, Дзæуджыхъæуы Уæлахизхæссæг Георгийы кафедралон аргъуаны Хуыцауы литургийæ славяйнаг æмæ ирон æвзæгтыл. Кастытæ дыккаг бон адарддæр уыдзысты Цæгат Ирыстоны университеты.

"Форумы хайад райсдзысты Дзуар, дзыллæйад æмæ ахуыргæндтæ, уый нымæцы хуссарирыстойнаг делегаци æмæ Уæрæсейы Федерацийы горæттæй уазджытæ. Ныфс нæ ис, æмæ раздæры азтæй уæлдай, мадзæлтты иу хай уагъд кæй æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны территорийыл", — загъта Дзæуджыхъæуы Мадымайрæмы аргъуаны клирик Хъуысаты Игорь.

Сыгъдæг Георгийы кастыты программæ у уæрæх æмæ агайы алыгъуызон темæтæ, уыдон нымæцы: чырыстон дины нысан Аланийы историйы æмæ йæ нырыккон царды; культурон бынты цырттдзæвæнтæ бахъахъхъæнын; Алани чырыстон дин куы райста, ууыл 1100 азы юбилеймæ бацæттæ кæнын, куыд Дзуар æмæ паддзахады иумæйаг хæслæвæрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0