Эритрея ӕнгом кӕны Хуссар Ирыстонимæ ахастытӕ

© сайт посольства РЮО в РФЭритрея ӕнгом кӕны Хуссар Ирыстонимæ ахастытӕ
Эритрея ӕнгом кӕны  Хуссар Ирыстонимæ ахастытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахад Эритреяйы минæвар фидарæй загъта, дыууæ бӕстӕйы адæм сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадмæ рацыдысты иу фæндагыл æмæ уый фæахъаз уыдзæн Эритрея æмӕ Хуссар Ирыстон фенгомдæр кæнынæн.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ Паддзахад Эритреяйы минæвар Уæрæсейы Федерацийы Петрос Цеггай Асгедом æруынаффæ кодтой дыууæ паддзахады æхсæн æхсæнадæмон райрæзты фарстытыл, фехъусын кодтой Sputnik хуссарирыстойнаг дипмиссийы.

Фембæлд уагъд цыд Паддзахад Эритреяйы минæварады Мæскуыйы.

"Паддзахад Эритреяйы минæвар банысан кодта диалогы пайда æмæ фидарæй загъта, дыууæ адæм сæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадмæ кæй рацыдысты иу фæндагыл æмæ уый фæахъаз уыдзæн Эритрея æмӕ Хуссар Ирыстон фенгомдæр кæнынæн, æмæ 2014 азы Цхинвал æмæ Асмэрамæ дыууæ паддзахадты делегацитӕн цы визиттæ уыд, уыдон адарддæр уыдзысты", — фехъусын кодтой минæварады.

Фембæлд ацыд хæларадон уавæры, цæй рæстæджы Гассийы фырт загъта бузныг хъарм фембæлды тыххæй æмæ фæхуыдта Петрос Цеггай Асгедомы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварадмæ Уæрæсейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0