Республикӕйы хицауад ӕмӕ цӕрджытӕ хъынцъым кӕнынц Египеты авиакатастрофӕйы амӕттӕгтыл

Рафыссын
Алайнаг епархийы динамонджытӕ ауагътой Хуыцаумӕ скуывд Египеты ӕрцӕугӕ авиакатастрофӕйы бабынуӕвӕг адӕмы Чырыстийы рухс бынатмӕ бахӕццӕ кӕныны тыххӕй.

Авиакатастрофӕйы амӕттӕгтӕн уӕларвон цард ӕмӕ ӕнусон æнцойад бахӕлар кӕныны фӕдыл Хуыцаумӕ скуывынмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕ.

Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуаны азмӕлӕн дӕр нал уыд адӕмӕй. Динамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр цалдӕр боны дӕргъы нӕ нымӕг кӕны адӕмы цыд аргъуанмӕ.

"Уӕрӕсейаг бӕлццӕттимӕ ӕрцӕугӕ бӕллӕх Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ арф райстой сӕ зӕрдӕтӕм, фӕстаг дыууӕ бон Мадымайрӕмы аргъуанмӕ цӕуы тынг бирӕ адӕм ӕмӕ судзынц цырӕгътӕ авиакатастрофӕйы амӕттӕгты се ‘нусон бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕныны тыххӕй", — загъта фыд Симон.

Литургийы фӕстӕ динамонджытӕ ӕрсидтысты адӕммӕ, цӕмӕй ӕдзухдӕр кувой Дунескӕнӕг Хуыцаумӕ фӕмардуӕвӕг адӕмы удтӕ фервӕзын кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0