Арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Хуссар Иры арæныл Гуырдзыстоны æмбæстæгты

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæн
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæ скъуыддзаг кæны ацы хъуыддаджы фæдыл æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттын.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Ирыстоны дыццæджы æрурæдтой 49-аздзыд Гуырдзыстоны æмбæстаджы, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæйы.

Гуырдзыстоны Каспы районы Квемо-Чалайы хъæуы цæрæджы æрцахстой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны фадыгыл, Ленингоры районы Ахмадзы хъæумæ æввахс.

"Ныртæккæ республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæ кусы, цæмæй æрмæджытæ лæвæрд æрцæуой тæрхондонмæ", — загъта ПÆК-ы минæвар.

Ведомствойы банысан кодтой, 30 октябры Знауыры районы Мугуты хъæумæ æввахс цы дыууæ гуырдзыстойнаг æмбæстаджы æрцахстой, уыдон къуырисæры тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, ивар бафидыны фæстæ сырд кæй æрцыдысты Хуссар Ирыстоны территорийæ. Уыдон Гуырдзыстоны минæвæртты къухтæм официалон æгъдауæй радтой уадзæн пункт "Цхинвал — Эргнет"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0