Националон банк рауадздзӕн ӕвзист монетӕтӕ Хуссар Иры рӕсугъддӕр аргъуанты къамтимӕ

© Sputnik / Плиты ФатимаНационалон банк рауаддзӕн ӕвзист монетӕтӕ Хуссар Иры рӕсугъдӕр аргъуанты къамтимӕ
Националон банк рауаддзӕн ӕвзист монетӕтӕ Хуссар Иры рӕсугъдӕр аргъуанты къамтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Националон банк фӕнд кӕны йӕ историйы фӕндзӕм хатт згъӕрӕхца рауадзын. Ног монетӕтыл ныр та фӕзындзӕн Хуссар Ирыстоны ӕртӕ стырдӕр аргъуаны къамтӕ.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны рӕсугъддӕр ӕмӕ рагондӕр ӕртӕ аргъуаны къамтимӕ Националон банк фӕнд кӕны рауадзын ӕвзист монетӕтӕ. Згъæрæхцатыл уыдзӕн Цхинвалы Мадымайрӕмы аргъуан, Джеры ӕмӕ Икъортайы аргъуанты нывтӕ, фехъусын кодта Sputnik Националон банчы сӕрдар Зассеты Феликс.

Монетӕты рауадздзысты Мӕскуыйы, сӕ номинал уыдзӕн 25 зӕрины. Монетӕты эскизтыл банчы кусджытӕ бакуыстой Алайнаг епархийы минӕвӕрттимӕ иумӕ.

"Ныридӕгӕн фидар ӕрцыдысты згъӕрӕхцаты эскизтӕ ӕмӕ сӕ арвыстам Мӕскуымӕ. Ацы ӕртӕ сыгъдӕг бынаты нывтимӕ монетӕтӕ хъуамӕ сцӕттӕ уой ӕрбалӕугӕ азы фыццаг ӕмбисы", — банысан кодта Нацбанчы сӕрдар.

Зассеты Феликсы ныхӕстӕм гӕсгӕ, згъӕрӕхцатӕй банк цы æфтиаг райсой, уымӕн йӕ ӕмбис лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн Алайнаг епархийӕн.

Алайнаг епархийы дӕр ацы хъуыддагыл сӕмбӕлдысты стыр ӕхсызгонӕй, динамонӕг фыд Симоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕрӕзтӕ иууылдӕр хардз ӕрцӕудзысты республикӕйы аргъуанты сӕндидзын кӕныны нысанӕн.

Хуссар Ирыстоны Националон банк монетӕтӕ фыццаг хат рауагъта 2013 азы. Зӕрин ӕхца уӕд уагъд ӕрцыд, УФ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта, уыцы цауыл 5 азы сӕххӕсты цытӕн. Уыцы рӕстӕг фидар ӕрцыд зынаргъ згъӕрӕй ӕхца уадзыны фӕдыл закъон дӕр. 2014 азы та Хетӕгкаты Къостайы райгуырды юбилеймӕ рацыд дыккаг монетӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0