Ӕртӕ ног скверы фонтантимӕ срӕсугъд кӕндзысты Цхинвалы уынгтӕ

© Sputnik / Плиты ФатимӕЦхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл аразынц сквер скульптурон композициимӕ
Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл аразынц сквер скульптурон композициимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ӕртӕ районы ӕрӕзт цӕуынц фӕлладуадзӕн аив къуымтӕ. Фонтантӕ, скульптурӕтӕ, бандӕттӕ ӕмӕ бӕлӕстӕ срӕсугъд кӕндзысты Мамсырайы фырты, Лермонтовы ӕмӕ Нӕузӕххонты уынгтыл сквертӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Цхинвалы Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл фӕзындзӕн фӕлладуадзӕн сквер скульптурон композициимӕ — фонтан хураууоны бын дыууӕ уарзӕгой адӕймаджы цыртимӕ, фехъусын кодта Sputnik скульптурӕйы автор Бекъойты Алан.

Мамсыраты Хадзы-Умары уынг рагӕй фӕстӕмӕ у Цхинвалы рӕсугъдӕр ӕмӕ аивдӕр уынгтӕй сӕ иу. 1990-ӕм ӕзтӕй фӕстӕмӕ цалдӕр хатт ӕрцыд хӕрзарӕзт, фӕсивӕд-иу изæрыгӕтты ардӕм ӕрбамбырд сты тезгъо кӕнынмӕ. 2014 азы Цӕгат Ирыстоны уӕды сӕргълӕууӕг Мамсыраты Таймуразы фӕрцы уынг хӕрзарӕзт ӕрцыд, ныр та йӕ барӕсугъд кӕндзысты фонтанимӕ скверӕй.

Куыстытӕ ӕххӕст кӕны арӕзтадон организаци "Дельта". Арӕзтады къухдариуӕггӕнӕг Гӕбӕраты Алан куыд радзырдта, афтӕмӕй скверты ӕвӕрд ӕрцӕудзысты бандӕттӕ, ныссадздзысты дзы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕвӕрдзысты рухсытӕ.

"Афтӕ ма уый ӕмрӕстӕджы ахӕм сквертӕ аразӕм горӕты ноджы дыууӕ районы — Текстилы ӕмӕ Нӕузӕххонты уынгыл. Ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг арӕзтадон ӕрмӕджытӕ дӕр закъазгонд ӕрцыдысты ӕмӕ фӕнд кӕнӕм ӕртӕ сквер дӕр дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ сцӕттӕ кӕнын", — банысан кодта Гӕбӕраты Алан.

Ӕртӕ сквер дӕр арӕзт цӕуынц президент Тыбылты Леониды уынаффӕмӕ гӕсгӕ йӕ сӕрмагонд фонды фӕрӕзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0