Хуссар Иры интернаттæ æмæ сабидæтты фæфылдæр уыдзысты хæрды тыххæй хæрдзтæ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры интернаттæ æмæ сабидæтты фæфылдæр уыдзысты хæрды тыххæй хæрдзтæ
Хуссар Иры интернаттæ æмæ сабидæтты фæфылдæр уыдзысты хæрды тыххæй хæрдзтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæрæзтæ фæуæлдæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад сæвзæрд инфляцийы тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад фæфылдæр кодта республикæйы паддзахадон ахуырадон уагдæтты сывæллæтты хæрды тыххæй хæрдзтæ. Ахæм уынаффæ рахастæуыд æртыццæджы министрты кабинеты рабадты рæстæджы.

Скъола-интернаттæ æмæ сывæллæтты хæдзæрттæн 2015 азы 1 ноябрæй иу сывæллонæн хæрды нормæ фæфылдæр уыдзæн 167 сомы онг, сабидæтты та 93 сомы онг.

Хæрды тыххæй 2011 азы сфидаргонд нормæты фæуæлдæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад сæвзæрд инфляцийы аххосæй.

Раздæр хæрды фæдыл хæрдзтæ уыдысты — 72 сомы сабидæтты, 115 сомы та скъола-интернатты.

Ног хабӕртты лентӕ
0