Цъыфы зӕй ӕрӕхгӕдта фӕндагон змӕлд Транскамыл

© Sputnik / Екатерина ВалиеваЦъыфы зӕй ӕрӕхгӕдта фӕндагон змӕлд Транскамыл
Цъыфы зӕй ӕрӕхгӕдта фӕндагон змӕлд Транскамыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны дыууӕ хай иугӕнӕг фӕндаг ӕхгӕд ӕрцыд майрӕмбоны ӕхсӕв, Буроны трассӕйыл цъыфы зӕй кӕй ӕрцыд, уый аххосагӕн.

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Транскавказы фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ, ӕхгӕд ӕрцыд, трассӕйы Цӕгат Ирыстоны фарс цъыфы зӕй кӕй ӕрцыд уый тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

"Фӕндагон змӕлд Транскамыл сӕхгӕдтой Цӕгат Ирыстоны УУМ уынаффӕмӕ гӕсгӕ, цъыфы зӕй Буроны — Ручъы тоннелы цӕгаттаг фарс кӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ. Фӕндаг ӕхгӕд уыдзӕн сӕрмагонд барамындмӕ", — фехъусын кодтой УУМ-ы.

Уагдоны минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, цъыфы зӕй уыд тынг стыр, дыууӕ метры бӕрзӕндӕн ӕмӕ бамбӕрзта фӕндаджы 30 метры. Фӕндаг расыгъдӕг кӕныныл архайынц 25 адӕймаджы ӕмӕ сӕрмагонд техникӕ.

"Цӕгат Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ сӕ куыстыл сӕхӕдӕг ӕххӕсынц ӕмӕ сӕ хуссайраг коллегӕты ӕххуыс нӕ хъӕуы. Ныфс нӕ ис, ӕввахс рӕстӕджы фӕндаг кӕй бакӕндзысты", — фехъусын кодтой УУМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0