ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Козаты Дианæ. Ахмадз у чысыл арæнгæрон хъæу Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы. Цæуын æм хъæуы райцентрæй 10 километр дзыхъхъытæ æмæ дурджын фæндагыл. Хъæумæ бацæуæны ис уадзæн пункт. Балц адарддæр кæныны тыххæй бавдисын хъæуы арæнгæрон зонæмæ уадзæн сæрмагонд гæххæт, кæцы аразынц цалдæр минутмæ Цхинвалы, Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы. Райсæн ын ис куыд иу хатт ацæуынæн — ахæмтæ арæх лæвæрд цæуынц туристтæ æмæ республикæйы уазджытæн, афтæ иу азы æмгъуыдмæ дӕр.
Бынтон афтид хъæуыл 20 минут зилыны фæстæ фембæлдыстæм фыццаг цæрæгыл Сырх дзуары æхсæнадæмон комитеты кусджытимӕ. Уыдон хъæуы цæрджытæн баластой хæлцадон продукттæ — ссад, сæкæр, макаронтæ æмæ а.д. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уыдон æрбацæуынц мæй иу хатт. Æрвылмæй поселокмæ хæлцады тыххæй æвзæр фæндагыл цæуын цы адæмы хъæуы, уыдонæн уый у хорз æххуыс.
Æнæхъæн хъæуæн ис æрмæстдæр иу дукани, базайраг дæр дзы афтæ бирæ нæй. Сæйраджыдæр бæгæны, сигареттæ. Дуканийы хицау Хъæрæсеты Майяйы ныхæстæм гæсгæ, базайраг ласы Ленингорæй, кæддæрты та Цхинвалæй. Фæлæ столицæмæ таксы аргъ бæрзонд кæй у — 1500-3000 сомы — уый тыххæй Цхинвалмæ афтæ арæх нæ цæуы. Йæ къам исын нæ уадзы, "уым" ын проблемæтæ куы уа, уый тæсæй.
"Уым" та ис Гуырдзыстоны, цыран мæй иу хатт цæуы йæ лæппуимæ фембæлдтæм, кæцы бады Гуырдзыстоны ахæстоны. Майя йӕхӕдӕг дӕр йæ зымæг арвиты Гуырдзыстоны. Уалдзæджы æрбалæудимæ æрбаздæхы Ахмадзмæ — йæ хæдзар, цæхæрадон, дуканимӕ.
"Хæсты фæстæ бирæ адæм алыгъд ардыгæй, фæсивæд хъæуы нал баззад. Ницы куыст дзы ис æмæ адæм дæр лидзынц. Чи баззад, уыдон та цæрынц сæ цæхæрæдæттæй цы тыллæг бафснайынц, уыдон уæйæгтæй", — дзуры уый.
Дыууæ хатт æй æрцахстой арæнсæттыны тыххæй, дыууæ хатты дæр бафыста ивар. Ныр æм ис сæрмагонд уадзæн гæххæт, кæцы йын дæтты фадат арæны сæртыл хизынæн. Йæ цардæмбалæн ахæм документ нæ радтой æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ.
Майяйы дукани лæууы скъолайы цур, кæцы нæ бацыды рæстæджы разынд æхгæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, "скъолайы ис бирæ ахуыргæнинæгтæ", фæлæ ныртæккæ ахуыргæнджытæ цæмæдæр гæсгæ ацыдысты Ленингормæ æмæ йӕ сӕхгæдтой раздæр. Уый у иунæг административон бæстыхай хъæуы æмæ иунæг куысты бынат.
Фæндагыл фембæлдыстæм ахуыргæнджытæй сæ иуыл, кæцы дзырд радта немæ аныхæстæ кæнын, куыддæр йæ хызынтæ æрæвæра, афтæ, фæлæ фесæфт. Йæ агурæг бахостам иу хæдзармæ, йӕ разы бæттæныл сур кæнынц сывæллæтты дзаумæттæ.
Нæ размæ рахызтысты Гуцаты бинонтæ ӕмӕ нын зæрдиагæй дзурынц, Ахмадзы куыд цæрынц, уыдӕттӕ. Уырыссагау нæ не `мбарынц æмæ курынц, цæмæй семæ дзурæм иронау. Ис сын дыууæ сывæллоны — æртæ æмæ æхсæзаздзыд. Хистæр цæуы бынæттон скъолайы фыццаг къласмæ, цыран нана Майяйы ныхæстæм гæсгæ ахуыр кæны æрмæстдæр фондз сывæллоны.
Майя нын нæ размæ рахаста сæхи сæндонæй сæнæфсир æмæ немæ араст скъолайы директоры хæдзармæ. Нæ размæ рахызт йæ цардæмбал Тенгиз Мачарашвили, кæцы скъолайы кусы физикæ, математикæ æмæ химийы ахуыргæнæгæй.
"Æвæццæгæн, мæнæй зондджындæр никæй ссардтат", — худы Тенгиз.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, скъолайы ис æхсæз ахуыргæнинаджы æмæ æрмæстдæр фондз къласы — 1, 2, 4, 6 æмæ 7, авд ахуыргæнæджы амонынц 26 предметы. Райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ æмрæстæджы ахуыр кæнынц иу хатæны. Дыууæуæладзыгон бæстыхайы ис æрмæстдæр цалдæр къаннæг хатæны. Зымæджы къласон хатæнтæ хъарм кæнынц электрон хъармгæнæнтæй. 2008 азы августы хæсты фæстæ Гуырдзыстон районæн æрдзон газ куы æрæхгæдта, уæдæй фæстæмæ дзы газ нæй.
Скъола нымад у 50 адæймагæн, уал скъоладзау дзы уыд 1989 азы онг. Тенгизы ныхæстæм гæсгæ, ахуыры процесс дзы цæуы, куыд иннæ скъолаты афтæ, æрмæст гуырдзиаг æвзагыл. Ирыстоны историйы ахуыргæнæн чингуытæ дæр ратæлмац кæнынц гуырдзиаг æвзагмæ, цæмæй йæ æмбарой. Бахатыдыстæм, цæмæй нын равдисой иу историйы чиныг, фæлæ дзы скъолайы иу дæр нæ разынд.
"Æвзаг, кæй зæгъын æй хъæуы, цæлхдур у. Сывæллæттæ афтæ хорз нæ зонынц ирон æмæ уырыссаг æвзаг, цæмæй æмбарой æрмæг. Уымæ гæсгæ сæ тæлмац кæнæм", — дзуры уый.
Республикæйы ахуырады министрады сфидаргонд скъолæйон программæмæ гæсгæ 45 сахат рахицæнгонд у "мадæлон (гуырдзиаг)" æвзагæн, 19 сахат — гуырдзиаг литературæ амонынæн, 29 сахат — ирон æвзагæн. Ирон литературæимæ скъоладзауты нæ зонгæ кæнынц æппындæр.
Ахуыргæнæн чингуытæ иууылдæр сты гуырдзиаг æвзагыл. Тенгизы ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг математикæйы "алцыдæр у хæццæ- мæццæ" æмæ йæ фæндид амонын, уырыссаг скъолаты математикæ цы чиныгӕй ахуыр кæнынц, уымӕ гæсгæ.
Ахуырады министр Гасситы Натали куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй республикӕйы ӕдӕппӕтӕй архайы аст гуырдзиаг скъолайы, сӕ фылдӕр сты Ленингоры районы.
"Фӕйнӕ иу гуырдзиаг скъолайы ис Знауыр ӕмӕ Дзауы районты дӕр. Уыдон се ‘ппӕт дӕр сты арӕнгӕрон цӕрӕн пунктты. Ахуыр сӕ кӕнынц фӕйнӕ фондз-ӕхсӕз сывӕллоны, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сӕ сӕхгӕныныл дзырд дӕр нӕ цӕуы", — загъта министр.
Ирон литературӕ, Ахмадзы скъолайау, иннӕ скъолаты дӕр нӕ ахуыр кӕнынц.