Хуссар Ирыстон хайад исы фæсивæдон форумы "Абхаз - 2015"

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæСухум
Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форумы хайад исынц делегаттæ Луганскæй, Приднестровьейæ, Хъырымæй, цæгаткавказаг республикæтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй.

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ хайад исынц фæсивæдон форумы "Абхаз — 2015", кæцы йæ куыст райдыдта майрæмбоны Сухумы, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Форум фадат ратдзæн лæмбынæгæй æрдзурын Абхаз, Уæрæсе æмæ æндæр паддзахадты фæсивæдон политикæйыл, афтæ ма иумæйаг архæйдтытæ æмæ мадзæлттæн нывӕзт саразын.

Форум йæ куыст цалынмæ райдыдта, уæдмæ æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæууыдысты Египеты авиакатастрофæйы амæттæгты номарынæн.

Фæсивæдон форумы хайадисджытæм фæуазæг Абхазы президент Рауль Хаджимба.

"Абон æвæрд цæуы ноджы иу хорз традицийы бындур æвзонг æмæ патриотикон фæсивæдæн алы бæстæтæй. Фæсивæдæн ис егъау потенциал. Нæ хæс ис уый мидæг, цæмæй ацы потенциал æххæстæй раргом уа", — загъта президент.

Уый банысан кодта, кæй фылдæр кæны æвзонг адæмы нымæц, кæцытæ кусынц паддзахадон уагдæтты æмæ паддзахад кӕй лæудзæн æвзонг адæмы пайдаджын тырнындзинæдты фарс.

Хуссар Ирыстоны спорт, туризм æмæ фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергейы цæст бауарзта форумы хайадисджытæн æнтыстытæ сæ куысты.

"Уый у нысаниуæгджын мадзал форумы хайадисæг фæсивæдæн. Тынг ахсджиаг у, æмæ ацы фембæлд æрмæст фембæлыны тыххæй уагъд ма æрцæуа", — загъта Зассеты Сергей.

Цытджын хайы кæроны фæстæ форумы хайадисджытæ бабæрæг кодтой равдыст "Фæсивæдон политикæ Республикæ Абхазы. Знон, Абон, Райсом!"
Фæсивæдон форум "Абхазия —2015"-ы куыст адарддæр уыдзæн 8 ноябрмæ.

Форумы фæлгæтты уагъд æрцæудзæн фондз тымбыл фынджы, цыран делегаттæ æрдзурдзысты ахæм фарстытыл, куыд фæсивæдон инициативæтæ, фæсивæдон алфамблайы экстремизм æмæ ксенофобийы профилактикæ, грантон программæтæ æмæ паддзахадон фæсивæдон политикæйы нормативон-барадон бындур хуыздæр кæнын. Уымæй дарддæр ма сухумаг форумы нывæзты ис мастер-кластæ æмæ Абхазы культурон æмæ историкон цыртдзæвæнтыл экскурситӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0