Хуыбылты Валерийы номарæн турнир æрбамбырд кодта 60-йæ фылдæр ирон боксеры

© Sputnik / Ада БагианХуыбылты Валерийы номарæн турнир æрбамбырд кодта 60-йæ фылдæр ирон боксеры
Хуыбылты Валерийы номарæн турнир æрбамбырд кодта 60-йæ фылдæр ирон боксеры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстæ уагъд æрцыдысты Хуыбылты Валерийы хиуæттæ æмæ хæстæджыты хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны президент æмæ хицауады æххуысæй.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй 60 боксерæй фылдæр хайад райстой зынгæ ирон æфсæддон æмæ политикон архайæг, Ирыстон ӕмӕ Абхазы хъайтар Хуыбылты Валерийы рухс номыл турниры, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Кокойты Георгий.

Турнир уагъд æрцыд Хуыбылты Валерийы хиуæттæ æмæ хæстæджыты хъæппæрисæй Хуссар Ирыстоны президент æмæ хицауады æххуысæй. Ерысты хайад райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны 12-19 аздзыд боксертæ 38-æй 91 кг-йы онг уæзы категориты.

"Турниры рæстæджы фæбæрæг сты 20 къайы уæлахиздзаутæ, кæцытæ архайдтой æндæр æмæ æндæр уæзы категориты æмæ кары къордты. Спортсментæ равдыстой цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Уæлахиздзаутæн хорзæхджын æрцыдысты кубоктæй æмæ зæрдылдарæн призтæй", — загъта комитеты минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, турниры уæлахиздзаутæ райстой æхцайы премитæ, призон фондæн фæрæзтæ рахицæн кодтой парламентон партитæ "Иугонд Ирыстон" æмæ "Ныхас".

"Ацы аз турнир уагъд цæуы фыццаг хатт, президент Тыбылты Леонид ныфс бавæрдта, кæй суыдзæн æрвылазон, иннæ азæй та йын лæвæрд æрцæудзæн æхсæнадæмон статус", — загъта Кокойты Георгий.

Ерыстæ уагъд æрцыдысты фæсивæдон политикæйы комитет æмæ РХИ-йы боксы федерацийы тыхтæй.

Хуыбылты Валерий (1966 — 1998) уыд Ирыстоны зынгæ æфсæддон- политикон архайæг. 1990-æм æзты райдианы иста активон хайад республикæ гуырдзиаг агрессортæй хъахъхъæныны хъуыддаджы æмæ РХИ-йы Гарзджын тыхтæ саразыны хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0