Транскам рӕстӕгмӕ ӕрӕхгӕндзысты техникон куыстытӕн

Рафыссын
Ирыстоны дыууӕ хай иугӕнӕг фӕндаджы ӕдасдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн 11 ноябры фӕндагон змӕлд ӕрӕхгӕндзысты ӕртӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕн фӕндагыл ӕртыццӕджы ӕртӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ ӕруромдзысты фӕндагон змӕлд, техникон куыстытӕ дзы кӕй уадздзысты, уый фӕстиуӕгӕн, хъусын кӕнынц Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады.

Транскамы фæндаг æрцыд сыгъдæг цъыфы зæййæ æмæ у гом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам байгом автомобилон змӕлдӕн

"Транскам ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн 11 ноябры 10:00-ӕй 13:00 сахаты онг автомагистралы ӕдасдзинады ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныны оххыл техникон куыстытӕ сӕххӕст кӕныны нысанӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы бахатыдысты шофыртӕм, цӕмӕй развӕлгъау равзарой сӕ балцы рӕстӕг, цалынмӕ фӕндаг ӕхгӕд не ‘рцӕуа.

Ног хабӕртты лентӕ
0