Дзауы районы дӕрддзӕф хъӕутӕм аразынц ног фӕндӕгтӕ

© Sputnik / Ада БагианДзауы районы дӕрддзӕф хъӕутӕм аразынц ног фӕндӕгтӕ
Дзауы районы дӕрддзӕф хъӕутӕм аразынц ног фӕндӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕллаг Хъорсеумӕ цыппар километры дӕргъӕн фӕндаг саразыныл архайынц районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ. Аразджытӕ ныридӕгӕн фӕндаг рауӕрӕх кодтой ӕмӕ йыл калынц хуыр.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Дзауы районы дӕрддзӕф цӕрӕн пунктты — Багаты хъӕу ӕмӕ уӕллаг Хъорсеуы баиу кӕндзӕн ног хӕрзвадат фӕндаг, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.

Дзауы районы уӕллаг Хъорсеуы хъӕуы цӕры 15 бинонтӕй фылдӕр. Хъӕумӕ фӕндаг ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ, афтӕмӕй та йыл ӕрвылбон дӕр сывӕллӕттӕ ахуырмӕ цӕуынц посёлочы скъоламӕ.

"Уӕллаг Хъорсеумӕ фӕндаг аразынмӕ бавнӕлдтой ивгъуыд аз, фӕлӕ сӕ ӕвзӕр боныгъӕдтӕ бахъыгдардтой ӕмӕ куыстытӕ ныр баххӕст кӕндзысты. Районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады фӕрцы хъусдард здӕхт ӕрцӕудзӕн хъӕуы мидӕг фӕндӕгтӕм дӕр", — загъта районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Хъӕумӕ цыппар километры дӕргъӕн фӕндаг саразыныл архайынц районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ. Уыдон ныридӕгӕн рауӕрӕх кодтой фӕндаг ӕмӕ йыл калынц хуыр.

Ног хабӕртты лентӕ
0