Цалдӕр хуссарирыстойнаг хъӕуы ист ӕрцыдысты арӕнгӕрон зонӕйӕ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæАрӕнгӕрон зонӕ
Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад систа республикӕйы ӕртӕ районы цалдӕр цӕрӕн пункты арӕнхъахъхъӕнӕн зонӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад бахаста ивындзинӕдтӕ республикӕйы арӕнгӕрон зонӕйы тыххӕй уагӕвӕрдмӕ, фӕхъусын кодтой Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Ногӕй сфидаргонд уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, арӕнгӕрон зонӕйӕ ист ӕрцыдысты горӕт Цхинвалы хуссайраг кӕрон, цӕрӕн пункттӕ Ерман, Едыс, Къуайса, Аунеу, Къостайы хъӕу, Тъбет, Гудзабар ӕмӕ Прис.

"Афтӕ ма арӕнгӕрон зонӕйӕ ракодтой Нагутнийы хосгӕнӕндон, республикон фӕндӕгты фадгуытӕ Цхинвал-Ксуис ӕмӕ Цхинвал-Аунеу. Арӕнгӕрон зонӕйы астӕуккаг арфад уыдзӕн иу километр, уый та, раздӕримӕ абаргӕйӕ, у бирӕ къаддӕр", — банысан кодтой комитеты.

Ацы ивындзинӕдтӕ, уагдоны минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, хаст ӕрцыдысты арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджыты цардуагон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны оххыл. Афтӕ ма уый банысан кодта, ног уагӕвӕрд кӕй фӕахъаз уыдзӕн арӕны сӕрты ӕнӕзакъонӕй хизыны цаутӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0