Хуссар Ирыстоны хицауад ӕрхондзӕн специалисттӕ Уӕрӕсейӕ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны хицауад ӕрхондзӕн специалисттӕ Уӕрӕсейӕ
Хуссар Ирыстоны хицауад ӕрхондзӕн специалисттӕ Уӕрӕсейӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Специалистты Хуссар Ирыстоны кусынмӕ ӕвзардзӕн уӕрӕсейаг кадрон агентад. Уый сӕ сифтонг кӕндзӕн цӕрӕнбынатӕй ӕмӕ куыстмыздӕй дӕр.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад фӕнд кӕны уагдӕттӕм кусынмӕ уӕрӕсейаг специалистты ӕрхонын. Уый нысанӕн уӕрӕсейаг агентадты ӕхсӕн расидтӕуыд гом конкурс, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik хицауады аппараты хистӕр Гаглойты Олег.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, конкурсы фӕрцы ӕвзӕрст ӕрцӕудзӕн кадрон агентад, кӕцыйы бӕрны фидӕны бакӕндзысты Хуссар Ирмӕ уӕрӕсейаг специалистты ӕрхоныны хъуыддаг. Агентад ма уымӕй дарддӕр уыдзӕн сӕ куысты закъазгӕнӕг, фиддзӕн сын куыстмызд ӕмӕ бамбӕрздзӕн сӕ фӕндагон ӕмӕ цӕрӕнуатон хӕрдзтӕ.

"Кадрон агентады лӕггӕдтӕ ӕмӕ хуынд специалистты куыстӕн фӕрӕзтӕ фыст цӕудзӕн Уӕрӕсейы", — банысан кодта хицауады аппараты сӕргълӕууӕг.

Уый ма бамбарын кодта, уӕрӕсейаг специалисттӕ хуынд кӕй цӕуынц 2012 азы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы президенттӕ Тыбылты Леонид ӕмӕ Владимир Путин цы бадзырд бафыстой, уый фӕлгӕтты. Специалисттӕ ӕрхоныны нысанӕн фыццаг къахдзӕфтӕ арӕзт ӕрцыдысты, нырмӕ куыст цыд бадзырд сӕххӕст кӕныны механизмыл, уый нымӕцы финансон фарст дӕр.

"Нырмӕ дӕр уӕрӕсейаг специалисттӕ хуынд цыдысты. Уымӕй дарддӕр ма бынӕттон специалисттӕ цыдысты профилон ведомствӕтӕм сӕ квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ. Ныр та ӕрцыд рӕстӕг уӕрӕсейаг специалистты дӕргъвӕтин рӕстӕгмӕ ӕрхонынӕн", — загъта Гаглойты Олег.

Аппараты хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг рады ӕрхондзысты 12 специалисты Хуссар Ирыстон иууыл тынгдӕр цы фадгуыты тыхсы, уырдӕм: медицинӕ, ахуырад, арӕзтад, цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад ӕмӕ ӕндӕртӕ. Специалистты хӕс уыдзӕн сӕ фадгуыты раразмӕ кӕнын ӕмӕ сӕ ныры дуджы домӕнтимӕ ӕрӕмных кӕнын.

"Специалисттӕ уагдӕтты фæткдаруатон уынаффӕтӕ нӕ хӕсдзысты, нӕ уыдзысты уагдӕтты штаты дӕр. Зӕгъӕн ис, уыдон кусдзысты уынаффӕгӕнджытӕй. Сӕ сӕйраг хӕс уыдзӕн нормативон бындур ӕмӕ методикон документацийыл бакусын", — банысан кодта ныхасæмбал.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ контракт фыст не ‘рцӕуа, уӕдмӕ хуынд специалистты арӕхстдзинадӕн саргъ кӕндзӕн уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг иумӕйаг къамис, кӕцыйы сконд фидар ӕрцӕудзӕн республикӕйы хицауады рабадты рӕстӕджы.

"Хуынд специалистӕн бӕрӕг ӕмгъуыдмӕ йӕ куыст фӕстиуӕгджын куыннӕ разына, уӕд йемӕ контракт хӕлд ӕрцӕудзӕн", — банысан кодта Гаглойты Олег.

Йӕ хъуыдытӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны фыццаг хуынд уӕрӕсейаг специалисттӕ фӕзындзысты ӕрбалӕугӕ азы райдайӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0