Милицийы хуыздӕр кусджыты схорзӕхджын кодтой майдантӕ ӕмӕ грамотӕтӕй

© Пресс-служба президента РЮОМилицийы хуыздӕр кусджыты схорзӕхджын кодтой майдантӕ ӕмӕ грамотӕтӕй
Милицийы хуыздӕр кусджыты схорзӕхджын кодтой майдантӕ ӕмӕ грамотӕтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Тыбылты Леонид раарфӕ кодта мидхъуыддæгты органты разамынадæн, æппæт рæнхъон скондæн æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытӕн.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид республикӕйы барадхъахъхъæнæг органты къорд кусӕджы схорзӕхджын кодта бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕй.

Республикӕйы мидхъуыддæгты министрады кусджытӕ дыццӕджы, куыд ӕппӕт Уӕрӕсейы, нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Уый цытӕн ПККЗ "Чермен"-ы уагъд ӕрцыд бӕрӕгбонон ӕмбырд. Милицийы кусджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыдысты хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ парламенты депутаттӕ, цӕрджытӕ.

Мидхъуыддӕгты министрады равзӕрды, афтӕ ма сӕ куысты тыххӕй бӕстон доклад бакаст министры хӕдивӕг Уалыты Муртаз. Уый банысан кодта, кусджыты удуӕлдай куысты фӕрцы фӕстаг ӕзты республикӕйы бирӕбӕрцӕй кӕй фӕкъаддӕр фыдракӕндты нымӕц.

© Пресс-служба президента РЮОПККЗ "Чермен"-ы уагъд ӕрцыд бӕрӕгбонон ӕмбырд.
Торжественное собрание в честь дня милиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПККЗ "Чермен"-ы уагъд ӕрцыд бӕрӕгбонон ӕмбырд.

Президент Тыбылты Леонид раарфӕ кодта мидхъуыддæгты органты разамынадæн, æппæт рæнхъон скондæн æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытӕн. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, милици кӕй у ахсджиагдæр паддзахадон институттæй сæ иу, кæцы лæууы криминалы ныхмæ, тох кæны ӕхсæнады негативон æмæ тæссаг фæзындтыты ныхмæ.

"Сымах уӕ комкоммæ профессионалон хæстæй дарддæр гуырдзыйы агрессийы æппæт азты дӕргъы хъæбатырæй хъахъхъæдтат нæ бæстæйы территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет", — загъта президент.

Тыбылты Леониды цæст милицийы кусджытӕн бауарзта сабырад, фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ сæ бæрнон æмæ зын архайды Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн.

Уый фӕстӕ президент милицийы къорд кусӕгӕн радта бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон цинтӕ.
Мадзал адарддӕр кодтой республикӕйы сфӕлдыстадон къордтӕ. Уыдон ӕрӕмбырдуӕвджытӕн равдыстой чысыл концерт.

Ног хабӕртты лентӕ
0