Цъорбисы хъӕуы раздӕры скъолайы бӕстыхайы бакӕндзысты сабидон

© Sputnik / Ада БагианЗнауыры район
Знауыры район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы къухдариуӕгад ныфс бавӕрдта, дыууӕ къуыримӕ Цъорбисы хъӕуы кӕй скусдзӕн сабидон.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы раздӕры скъолайы бӕстыхаййӕ сараздзысты сабидон. Уый бирӕбӕрцӕй фӕхуыздӕр кӕндзӕн ныййарджыты уавӕр, кӕцытӕ дӕрддзӕф хъӕутӕй сӕ сывӕллӕтты ӕрвылбон дӕр кӕнынц ӕнӕхъӕн районы иунӕг сабидонмӕ Знауыры поселокмӕ.

Районы хъӕуты рагӕй ис сабидӕтты проблемӕ. Абоны бон ӕнӕхъӕн районы ис ӕрмӕстдӕр иу ахӕм уагдон. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕрвылбон кӕнынц Знауырмӕ кӕнӕ Цхинвалмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ (30 километрӕй фылдӕр). Уый ӕндавы мидӕггагон миграцийыл дӕр — фылдӕр кӕны куыстагур хъӕуӕй чи ацӕуы, уыцы адӕмы нымӕц. Сывзӕргӕ уавӕр тынгдӕр ӕндавы ӕвадат бинонтыл. Бирӕ мӕдтӕн сӕ бон куыстмӕ ацӕуын нӕу, сӕ сывӕллӕтты кӕимӕ ныууадзой, уый сын кӕй нӕй, уый тыххӕй.

"Сабидон нӕм кӕй нӕй, уый мӕнӕн дӕр иннӕ ныййарджытау ӕвзарын кӕны бирӕ проблемӕтӕ. Мӕ сывӕллоны кӕимӕ ныууадзон, уый мын нӕй, алыбон ӕй Знауырмӕ кӕнын ӕнӕ машинӕйӕ зын у", — дзуры Бехъмары цӕрӕг Джергаты Алла.

Ахӕм бинонтӕ Бехъмар, Ходабул, Сихиат, Хӕрисджын, Хъорнис, Цъорбис ӕмӕ Арчънеты хъӕуы ис бирӕ. Уыдон регуляронӕй ӕмбырд кӕнынц къухфысттӕ, ӕрсидынц республикӕйы хицауадмӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕной саразын сывӕллӕтты цӕхӕрадон. Ныр сӕ ныфс бацыд, проблемӕ скъуыддзаг кӕй ӕрцӕудзӕн.

Цӕрджытӕ иууылдӕр ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ног сабидоны фӕзындмӕ, кӕцы ӕввахс рӕстӕджы арӕзт ӕрцӕудзӕн Цъорбисы.
Къуырисӕры уырдӕм фӕуазӕг хицауады сӕрдар Хъуылымбегды Доменти дӕр ӕмӕ йын ныфс бавӕрдтой, ног сабидон кӕй скусдзӕн дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ.

Аразджытӕ бацалцӕг кӕндзысты бӕстыхайы агъуыст ӕмӕ йӕ сифтонг кӕндзысты хъармгӕнӕн системӕйӕ. Ацы куыстытӕ, Знауыры районы сӕргълӕууӕг Джиоты Рустемы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕххӕст ӕрцӕудзысты ӕввахс бонты.

Районы ахуырады хайады гӕс Гӕбӕраты Элвира куыд банысан кодта, афтӕмӕй ныридӕгӕн сӕ куырдиӕттӕ балӕвӕрдтой 20 ныййарӕгӕй фылдӕр, кӕцытӕ фӕнд кӕнынц сӕ хъӕбулты ацы сабидонмӕ кӕнын.

"Сабидонмӕ сӕ сывӕллӕтты кӕндзысты канд Цъорбисы цӕрджытӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕввахс хъӕутӕй дӕр. Уыдзӕн дзы дыууӕ къорды. Бӕстыхай куы сцӕттӕ уа, уӕд балхӕндзыстӕм ӕппӕт ӕнӕмӕгхъӕуӕг инвентарь ӕмӕ сабидон райдайдзӕн кусын", — загъта уый.

Районы ис бирӕ стыр хъӕутӕ, ӕмӕ иу сабидон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уавӕр бирӕ нӕ фӕрогдӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ уал ныртӕккӕ ног сабидӕтты арӕзтадӕн бӕстӕйы бюджеты нӕй фӕрӕзтӕ. Арӕзтады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы объекттӕ не ‘рцыдысты хаст ӕввахс ӕзты Инвестицион нывӕзтмӕ дӕр. Афтӕмӕй та уый у районы ахсджиагдӕр проблемӕтӕй сӕ иу. Хъӕутӕ ӕдзӕрӕг кӕнынц, уымӕн та йӕ аххосӕгтӕй сӕ иу у сабидӕтты цухдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0