Джиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй

© Sputnik / Ада БагианДжиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй
Джиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уголовон фæдæвзарæны фæдыл эксперт октябры кæрон æрæвнæлдта йæ куыстмæ æмæ ныридæгæн дыууæ хатт уыд Хуссар Ирыстоны.

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ныфс æвæрынц, республикæйы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл хæдбар эксперты ног фæдæвзарæн кæй ратдзæн конкретон фæстиуджытæ, фехъусын кодта Sputnik фæсконфликтон уавӕр æрбиноныг кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

ОБСЕ бахæс кодта уголовон фæдæвзарæны фæдыл хæдбар экспертæн рафæлгъауын, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт. Октябры кæрон Душан Игньятович æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Дыууæ мæйы мидæг эксперт цы куыст бакæна, уый фæстиуджыты тыххæй бацæттæ кæндзæн æмбæлон доклад хатдзæгтæ æмæ рекомендацитимæ.

"Эксперт ныридæгæн дыууæ хатты уыд Хуссар Ирыстоны, кусы Гуырдзыстоны. Игньятовичæн уыд фембæлдтæ куыд официалон адæмимæ, кæцытæ кусынц æбæрæгæй сæфтыл нымад чи сты, уыцы адæмы проблемæйыл, афтæ сæ хиуæттимæ æмæ ацы фарсты фæдыл бæлвырд информаци кæмæ ис, уыцы адæмимæ", — загъта Джиоты Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Игньятович сæйраджыдæр хъусдард здахы æндæр æхсæнадæмон экспертты рекомæндацитæм, кæцытæ 2010 азы Европæйы Советы раздæры сæйраг комиссар Томас Хаммербергы æрхуындмæ гæсгæ бацæттæ кодтой доклад, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны фæдыл.

"Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дисскуситы фæлгæтты нæ делегаци иудадзыг æрæвæры æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы адæмы фарст æмæ нын бантыст, цæмæй ОБСЕ барвита регионмæ хæдбар эксперты, кæцы кусы ацы проблемæйыл", — банысан кодта æххæстбарджын минæвар.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныныл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ныртæккæ æбæрæгæй сæфтыл нымад сты республикæйы æмбæстæгтæй сæдæйæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0