Æвзæр боныгъæдмæ æнæкæсгæйæ, Транскам кусы æрвылбонон режимы

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæÆвзæр боныгъæдмæ æнæкæсгæйæ, Транскам кусы æрвылбонон режимы
Æвзæр боныгъæдмæ æнæкæсгæйæ, Транскам кусы æрвылбонон режимы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УУМ æмæ Хуссар Ирыстоны фæндагон службæтæ хъус дарынц Транскамы уавæрмæ æмæ йæ дарынц кусæгон режимы.

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Транскамы автомагистралыл, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ, æвзæр боныгъæд нæ бандæвта æнæрлæугæ автомобилон змæлдыл, фехъусын кодта Sputnik УУМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Тадтаты Алан.

Æртыццæджы республикæйы æвиппайды фæивта боныгъæд, Цхинвалы рауарыд фыццаг мит. Хæхты митуард уыд тыхджындæр, уый тыххæй фæндаджы цъар асалд. Ныртæккæ республикӕйы тыхджын дымгæйы аххосæй рухс периодикон æгъдауæй ахуыссы.

"Транскам кусы æрвылбонон режимы. Æхсæвы цы мит ныууарыд, уый сыгъдæг æрцыд, уавæр ис УУМ-ы контролы бын. Трассæйыл кусынц фæндагон службæтæ", — загъта Тадтаты Алан.

УУМ курæг у шофыртæй, цæмæй хъавгæ цыд кæной фæндагыл, уæлдайдæр та уæлхох бынӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0