Ирыстоны классикты цард ӕмӕ сфӕлдыстад мыхуыр ӕрцыдысты иу ӕмбырдгонды

© Фото из архиваИрыстоны дыууӕ хайы фысджытӕ
Ирыстоны дыууӕ хайы фысджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон дзырды дӕсныты цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕсӕн уыдзӕн ӕмбырдгонд "Ирыстоны фысджытӕ"-йы. Чиныджы скондмӕ бацыдысты ныры дуджы ӕнтыстджын фысджытӕ ӕмӕ классиктӕ.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейы литературон азы фӕлгӕтты Дзӕуджыхъӕуы мыхуыр ӕрцыд Ирыстоны дыууӕ хайы фысджыты цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй иумӕйаг ӕмбырдгонд "Ирыстоны фысджытӕ", хъусын кӕны газет "Северная Осетия".

Рауагъдмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты скъоладзаутӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ. Нырмӕ дыууӕ Ирыстоны классиктӕ иу рауагъды мыхуыр не ‘рцыдсты. Цалдӕӕр азы размӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдистӕ баиу сты, ныр ахадгӕ сты йӕ куысты фӕстиуджытӕ дӕр.

"Чиныгмӕ бацыд фысджыты цардыл афӕлгӕст ӕмӕ сӕ уацмысты номхыгъдтӕ.Чиныг райдайы Хетӕгкаты Къостайӕ, дарддӕр цӕуынц Иуане Ӕлгъуызаты, Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат ӕмӕ ӕндӕртӕ. Чиныг баххӕст кодтой фысджытӕй, кӕцытӕ ӕнафоны ахицӕн сты сӕ цардӕй — Гуыцмӕзты Алеш, Гобозты Валерий, Цомайты Ростислав ӕмӕ ныры дуджы курдиатджын адӕм — Джусойты Марат, Гӕбӕраты Юрий ӕмӕ ӕндӕртӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Чиныг "Ирыстоны фысджытӕ" мыхуыр ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны рауагъдад "Ир"-ы. Йӕ рауадзыныл бакуыстой рауагъдады сӕйраг редактор Кокайты Тотрадз, фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0