Ирвӕзынгӕнджытӕ, дохтыртӕ ӕмӕ фӕндагон службӕтӕ иумӕ ахуыр кодтой Транскамы ӕдасдзинадӕй ифтонг кӕнын

© Sputnik / Дзерасса БиазартиТранскамы ахуыртæ
Транскамы ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскам у Уæрæсейы тæссагдæр фæндæгтæй сæ иу, ам ис 100-йæ фылдæр зæйцæуæн бынаты. 13 дзы ис Ручъы тоннелæн йæ хуссар фарс.

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Цæгат Ирыстоны уагъд æрцыдысты Росавтодоры масштабон ахуыртæ, хайад дзы райстой ведомствӕтæ, кæцытæ дзуапп дæттынц Транскавказы автомагистралыл транспорт цæуыны æдасдзинадæн. Сæдæйæ фылдæр специалисты, техникæйы 40 иуæджы фæрцы биноныг кодтой æмархайды системæ.

Фæндагон службæты, ирвæзынгæнджытæ, Фæндагон змæлды æдасдзинады фæдыл паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ æмæ Катастрофæты медицинæйы дохтыртæ хъуамæ кусой куыд иу механизм, æнæ рæдыдтытæй æмæ къуылымпыйæ. Æрмæстдæр ахæм куысты фæрцы ам, Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг иу кæны, ис фадат æнæрлæугæ æдас фæндагон змæлдæй сифтонг кæнын æмæ трагеди ма руадзын.

Ручъы зæйты ныхмæ къорды къухдариуæггæнæг Дзугаты Аслан кусы Транскамыл дыууын азæй фылдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстагыл дæс азы мидæг зæй æрцæуыны фæстиуæгæн иу адæймаг дæр зиан нæ баййæфта. Уый размæ та Транскамыл зæйыты бын мард бирæ адæм.

"Транскамыл иудадзыг цыдысты трагикъон цаутæ, мард бирæ адæм, иууылдæр уый аххосæй æмæ службæты æхсæн нæ уыд æмархайд, нæ уыд ныртæккæ дзы цы службæтæ кусынц, уыдон. Фæндаг рæстæгыл сыгъдæг нæ цыд, рæстæгыл лæвæрд нæ цыд командæ йæ æрæхгæныны тыххæй, кæд лæвæрд цыд, уæддæр æй ничи æххæст кодта. Раздæр ацы фæндаг хуыдтой "мæлæты фæндаг", ныр та у бынтон æдас фæндаг, алцæмæдæр дзы ис хъусдард æмæ у "царды фæндаг", — дзуры Аслан.

Транскам у Уæрæсейы тæссагдæр фæндæгтæй сæ иу, ам ис 100-йæ фылдæр зæйцæуæн бынаты.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиТранскамы уавæрмæ ирвæзынгæнджыты æмæ фæндагон службæты æрдыгæй ис æппынæдзух хъусдард.
Начальник отрезка Транскама до Алагира Роберт Гозимов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскамы уавæрмæ ирвæзынгæнджыты æмæ фæндагон службæты æрдыгæй ис æппынæдзух хъусдард.

Фыццаг мит кæд нырма ницы тæссагдзинад æвзæрын кæны, уæддæр карз митуард нырма разæй ис ӕмӕ фæндагон службæтæ сæхи цæттæ кæнынц зымæгон рæстæгмæ. Æрмæст ацы фадыджы — сæ ныхæстæм гæсгæ,"иууыл проблемоныл", — фарон зымæг æрцыд æстдæс зæйы.

"Куысты зындзинад ис уый мидæг, æмæ ацы бынаты боныгъæд ивы тынг тагъд. Ныртæккæ уары лыстæг мит, сахаты фæстæ та сыстдзæн тынг дымгæ æмæ бамбæрздзæн алцыдæр. Ивгæ уавæртæ домынц æвæстиат мадзæлттæ исын. Уымæ гæсгæ, егъау аргъ ис æмархайдæн. Алчидæр хъуамæ зона, цы аразын хъæуы суткæйы цыфæнды рæстæг дæр", — банысан кодта Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Николай Иванов.

Масштабон ахуырты ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад дæр. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр, булкъон Санахъоты Сергей Sputnik куыд загъта, афтæмæй Хуссар æмæ Цæгаты ирвæзынгæнджытæ кæнынц æнгом куыст.

"Мах æрцыдыстæм нæ цæгаттаг коллегæты фæхуындмæ гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн ацы ахуыртæ сты нысаниуæгджын. Зымæг Транскамæн у иууыл уæззау æмæ тæссаг рæстæг — зæйтæ æрцæуынц, куыд цæгаты, афтæ хуссары дæр. Цæгат фарс тæсаг фадгуытæ сты фылдæр, хуссары сты 13, æмæ сæм мах алы зымæг дæр нæ хъус дарæм. Хуссар Ирыстоны фæндагон службæ æрбынат кодта Ручъы. Æппынæдзух кæнæм æмгуыстад, кæрæдзийæн цæуæм æххуысмæ, бахъуыды рæстæджы исæм хайад ирвæзынгæнæн куыстыты", — загъта Санахъоты Сергей.

Специалистты ныхæстæм гæсгæ, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс Транскамыл сты æмбæлон куысты иунæг бындур. Транскавказы автомагистраль Ирыстоны цæрджытæн хуымæтæг фæндаг нæу, уый у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны дихгонд адæмы. Уымæ гæсгæ, Транскамы уавæрмæ ирвæзынгæнджыты æмæ фæндагон службæты æрдыгæй ис æппынæдзух хъусдард.

Фæстаг азты æмбæлон службæтæн сæ къухты бафтыд ацы фæндагыл змæлд максималонæй æдас саразын. Кæд-иу раздæр рæстæг фæндаг æхгæд уыд азы мидæг дыууæ-æртæ мæйы, уæд ныридæгæн карз зымæгон рæстæджы фæндаг дыууæ къуырийæ фылдæр æхгæд никуы вæййы.

Ног хабӕртты лентӕ
0