Цхинвалы ацыд фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны цытджын церемони

© Sputnik / Ада БагианФыццагкурсонты студенттӕм бахизыны цытджын церемони
Фыццагкурсонты студенттӕм бахизыны цытджын церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Студенттӕ ард бахордтой, хорз кӕй ахуыр кӕндзысты ӕмӕ Хуссар Ирыстоны профессионалон кадрты куырдадзы кад бынмӕ кӕй не ‘руадздзысты. Афтӕ ма университеты фондз студенты ссисты президентон стипендийы лауреаттӕ.

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фыццаг курсыты студенттӕ цытджын уавӕры ард бахордтой хорз ахуыр кӕнын ӕмӕ аккаг специалист суӕвыны тыххӕй.

Фыццагкурсонты студентӕм бахизыны цытджын церемони райдыта видеороликӕй, цыран студентты иу къорд райхӕлдтой сӕ хъуыдытӕ, цӕмӕн равзӕрстой ацы ахуырадон уагдон, уый фӕдыл.

Паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид раарфӕ кодта ӕппӕт студенттӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта стыр ӕнтыстытӕ. Президент банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны кӕцыдӕр фадгуытӕм кусынмӕ кӕй ӕрхондзысты уӕрӕсейаг специалистты, фӕлӕ Паддзахадон университеты бӕрны ис профессионалтӕ бацӕтӕ кӕныны фарст.

"Университеты бӕрзонд квалификацион ахуыргӕнджытӕ нӕ бавгъау кӕндзысты сӕ зонындзинӕттӕ ӕмӕ мӕ ныфс ис, кӕй суыдзыстут хорз специалисттӕ, цы професси равзӕрстат, уым", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Афтӕ ма цытджын мадзалы рӕстӕджы университеты фондз студентӕн сӕ хорз ахуыр ӕмӕ уагахасты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыд президентон стипендитӕ.

© Sputnik / Ада БагианФондз студентӕн сӕ хорз ахуыр ӕмӕ уагахасты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыд президентон стипендитӕ
Посвящение в студенты ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фондз студентӕн сӕ хорз ахуыр ӕмӕ уагахасты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыд президентон стипендитӕ

Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой, уагдоны кусджытӕй йӕ цардӕй чи ахицӕн, уыдон рухс нӕмттӕ.

Университеты ректор Тедеты Вадим ӕрдзырдта, фӕстаг рӕстӕджы сӕ къухы цы ӕнтыстытӕ бафтыд, уыдӕттыл.

Уый ма банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы кӕй фӕнд кӕнынц зонадон-практикон конференци ауадзын историйы фарстыты фӕдыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, конференцимӕ фӕнд кӕнынц ӕрхонын Цӕгат-Кавказы адӕмтӕй Аланты фӕдонтӕ сӕхи чи хонынц ӕмӕ Нарты уӕзгӕ бынтӕ сӕхи бакӕнын чи хъавы, уыцы нациты минӕвӕртты.

Университеты ныры ӕмӕ раздӕры студенттӕ сӕххӕст кодтой ирон, уырыссаг, французаг ӕмӕ италиаг ӕвзӕгтыл зарджытӕ.

© Sputnik / Ада БагианСтуденттӕ сӕххӕст кодтой ирон, уырыссаг, французаг ӕмӕ италиаг ӕвзӕгтыл зарджытӕ.
Посвящение в студенты ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Студенттӕ сӕххӕст кодтой ирон, уырыссаг, французаг ӕмӕ италиаг ӕвзӕгтыл зарджытӕ.

Ахуырадон уагдоны дӕлбар цы кафты ансамбль архайы, уый дӕр фӕстӕ нӕ фӕллӕуыд ӕмӕ равдыста цалдӕр кафты. Уӕлдай стыр ӕмдзӕгъдимӕ та зал сӕмбӕлд зонадон куысты фӕдыл проректор Тедеты Анатолийы ралӕудыл — уый сӕххӕст кодта Адриано Челентанойы зарджытӕй иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0