ФӔС банымадта терактыл А321 катастрофӕ, Путин ныфс бавæрдта фыдгæнджыты ссарын

© Sputnik / Максим Григорьев/ТАСС/POOL /  Ахизын медиабанкмæФӔС банымадта терактыл А321 катастрофӕ, Путин ныфс бавæрдта фыдгæнджыты ссарын
ФӔС банымадта терактыл А321 катастрофӕ, Путин ныфс бавæрдта фыдгæнджыты ссарын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мах фыдгӕнджыты агурдзыстæм, кæм фæнды ма æмбæхсой. Мах сæ ссардзыстæм æмæ сæ карзæй бафхæрдзыстæм, загъта Путин.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Уæрæсейаг хæдтæхæг А321 спырхы цы террористтæ сты аххосджын, уыдоны ссардзыстæм дунейы цыфæнды бынаты дæр, фехъусын кодта УФ президент Владимир Путин.

Раздæр УФ ФӔС-ы сæргълæууæг Александр Бортников дзырдта, зæгъгæ "Когалымавиа"-йы лайнеры катастрофæйы аххосаг уыд хиаразгæ халæн буар иу килограммы онг хъомысæй тротилон эквиваленты.

"Не ‘мбæстæгты амард Синайы ис бирæнымæц адæм цы тугкæлæн фыдракæндты фæмард, уыдон нымæцы. Махæн никуы басур уыдзæн нæ цæссыг, никуы фæнымæг уыдзæн нæ зæрдæйы рис. Уый махæй никуы фæхицæн уыдзæн",- загъта Путин.

Уӕрӕсейы президент ма фидарӕй ныфс бавӕрдта, фыдгæнджыты кӕй ссардзысты, сбæлвырд кæндзысты алы фыдгæнæджы ном дæр æмæ сæ карзæй бафхæрдзысты.

Авиакомпани "Когалымавиа"-йы хӕдтӕхӕг Airbus-321, кæцы 31 октябры рацæйтахт Шарм-эль-Шейхæй Санкт-Петербургмæ, æрхауд Синайы. Фæмард сты 217 бӕлццоны æмæ экипажы авд уæнджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0