Хуссар Ирыстоны сараздзысты Гидроэлектростанцтӕ

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны сараздзысты Гидроэлектростанцтӕ
Хуссар Ирыстоны сараздзысты Гидроэлектростанцтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æмбæлон указыл йæ къух бафыста президент Тыбылты Леонид. Йӕ ныхæстæм гæсгæ, райстгонд проекты фæлгæтты арæзт æрцæудзысты Зонкъары ГЭС, ГЭС-ы æхсæрдзæн Стыр Леуахийы æмæ гидрогенерацийы æндæр объекттæ.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон фæнд кæны йæ энергетикон æдасдзинад сифтонг кæнын республикæйы гидрогенерацийы объекттæ саразгæйæ. Æмбæлон указыл йæ къух бафыста президент Тыбылты Леонид.

Энергетиктимæ фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид банысан кодта, сарæхгонд авариты фæстиуæгæн рухс хицæн кæнын кæй райдыдта, уый аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны территорийыл чысыл гидроэлектростанцтæ саразын.

"Проекттæм æркæсгæйæ, æз аскъуыддзаг кодтон нæ республикæйы чысыл ГЭС-тæ саразын, кæцытæ Цæгат Ирыстонæй цæуæг бындурон хахх ахицæны рæстæджы сæхимæ райсдзысты республикæ электрон рухсæй ифтонгад", — загъта президент.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, райстгонд проекты фæлгæтты арæзт æрцæудзысты Зонкъары ГЭС-6,4 МВт, ГЭС-ты æхсæрдзæн Стыр Леуахийы: Гуфта ГЭС-8МВт, Итрапис ГЭС-8МВт æмæ гидрогенерацийы æндæр объекттæ.

"Фыццаг арæзт æрцæудзæн Зонкъары гидроэлектростанц Чысыл Леуахийы цæугæдоныл", — балхынцъ кодта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0