Ленингоры тæркъæвдаты фæстиуæгæн фатертæ байдзаг сты донæй

© Sputnik / Мария КотаеваЛенингоры тæркъæвдаты фæстиуæгæн фатертæ байдзаг сты донæй
Ленингоры тæркъæвдаты фæстиуæгæн фатертæ байдзаг сты донæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районтæй иуы тæркъæвдаты фæстиуæгæн донæй байдзаг сты хӕдзары фатертæ, кæцыйæн ивгъуыд къуыри тыхдымгæ систа йæ агъуыст.

ЦХИНВАЛ, 17 ноября — Sputnik. Ивгъуыд майрæмбоны Ленингоры поселокы тыхдымгæ систа бирæфатерон хæдзары агъуыст. Йæ фæстæ бонты тæркъæвдайы рæстæджы фатертæ байдзаг сты донæй, радзырдтой Sputnik бынæттон цæрджытæ.

Агъуыст ивынмæ бынæттон ЦКХ-ы кусджытæ æрæвналдтой æрмæстдæр æртæ боны фæстæ æрдзон бæллæхы рацыдæй. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ЦКХ-ы кусджытæ улæфт бонты куы сæххæст кодтаиккой сæ куыст, уæд хæдзæрттæ донласт нæ фæуыдаиккой.

"Агъуыст систа дымгæ. ЦКХ-ы кусджытæ асыгъдæг кодтой агъуысты пырхæнтæй хæдзармæ бацæуæнтæ, æмæ загътой, сабат æмæ хуыцаубон улæфт бонтæ кæй сты, уый тыххæй цæлцæггæнæн куыстытæм кæй æрæвналдзысты кусгæ къуырийы райдайæны. Уый æмрæстæджы та къæвда улæфт æмæ кусгæ бонтæ нæ æвзыры. Ныр цæмæй нæ фатертæм бахизæм, уый тыххæй хъæуы скæнын резинæ цырыхъхъытæ", — дзуры хæдзары цæрæг Гуыззыттаты Мананæ.

© Sputnik / Мария КотаеваЛенингоры тæркъæвдаты фæстиуæгæн фатертæ байдзаг сты донæй
Подтопленная квартира в Ленингоре - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры тæркъæвдаты фæстиуæгæн фатертæ байдзаг сты донæй

Улæфт бонты тæркъæвда æрхаста зиан æнæагъуыст фатертæн æмæ хæдзарон дзауматæн.

"Ныххуылыдз сты къултæ, æркалд цар, фехæлдис пъолы æмбæрзт", — хъаст кæны сылгоймаг.

Ленингоры районы сæргълæууæг Босыкты Андрей телефонæй Sputnik куыд загъта, афтæмæй дыццæджы райсомæй кусджытæ æрæвнæлдтой агъуысты цалцæггæнæн куыстытæм.

"Кусджытæ рæстæгмæ бамбæрздзысты хæдзар æнгом целлофанæй. Фæстæдæр та æрласдзыстæм æрмæджытæ æмæ сараздзыстæм ног агъуыст", — загъта Босыкты Алексей.

Æвзæр боныгъæд бандæвта республикæйы столицæ — Цхинвалыл дӕр. Майрæмбоны тыхдымгæ афæлдæхта бæлæстæ, скъæфта цæрæн хæдзæртты балкъæтты агъуыстытæ, афтæ ма цалдæр хатт ахуыссыд рухс.

Ног хабӕртты лентӕ
0