Электродæлстанцы авари аиуарс кӕныныл æрдзырдтой Тыбылты Леонид æмæ Æгъуызарты Тамерлан

© RIA Novosti . Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид банысан кодта, республикæйы кæй æрлæууыд социалон объектты æмæ паддзахадон уагдӕттæй бирæты куыст.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан телефонæй æрдзырдтой "Нузал-Дæллаг Зæрæмæджы" дæлстанцы аварийыл, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Тыбылты Леонид банысан кодта, республикæйы кæй ныллæууыд социалон объектты æмæ паддзахадон уагдӕттæй бирæты куыст.

"Уазал рæстæджы æнæ электроэнергийæ адæм тынг тыхсынц", — банысан кодта телефонæй ныхасы рӕстӕджы президент.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фидар ныфс бавæрдта Тыбылты Леонидӕн, ныридæгæн лæвæрд кæй æрцыдысты æмбæлон хæслæвæрдтæ, специалисттæ аскъуыддзаг кæндзысты проблæмæ цыбыр æмгъуыдмæ.

Ныхасы рæстæджы ма дзырд цыд Транскавказы автомагистралы куысты тыххæй дæр, кæцы у æхгæд æвзæр боныгъæды аххосæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0