Цхинвалы рабӕрӕг сты Козаты Левы номарӕн турниры уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы рабӕрӕг сты Козаты Левы номарӕн турниры уӕлахиздзаутӕ
Цхинвалы рабӕрӕг сты Козаты Левы номарӕн турниры уӕлахиздзаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы, Козаты Левы райгуырӕн боны, турнирӕн уагъд ӕрцыд йӕ финалон хай. Призон бынӕттыл тох кодтой 2-ӕм, 6-ӕм,9-ӕм скъолатӕ ӕмӕ гимнази "Рухс"-ы ӕрыгон футболисттӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Козаты Левы номарæн турниры мини-футболӕй фӕуӕлахиз Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Мини-футболы турнир цыд Цхинвалы дыууӕ къуырийы дӕргъы. Йӕ финал ын снысан кодтой Козаты Левӕн йӕ райгуырӕн бонмӕ. Къӕвда ӕмӕ ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ финалистты цыппар командӕ боны дӕргъы тырныдтой уӕлахизмӕ.

Турниры архайдтой 12 командӕйы. Уыдоны ӕхсӕн уӕлахиздзау ссис Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы командӕ, ӕвзистон призер ссис ӕхсӕзӕм скъолайы командӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат та бацахста фарстӕм скъолайы командӕ.

Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергей раарфӕ кодта турниры хайадисджытӕн ӕмӕ хорзыл банымадта номарӕн турниртӕ уадзыны хъуыддаг.

"Козаты Лев перспективон футболист уыд, ӕмӕ тынг хорз у, йӕ номыл турниртӕ кӕй уадзӕм. Номарӕн турнир фӕсивӕды ӕрмӕст спортмӕ нӕ разӕнгард кӕны, фӕлӕ ма сын сӕ зӕрдыл дары, Ирыстоны сӕрвӕлтау йӕ уд чи радта, уыдон рухс нӕмттӕ", — загъта Зассеты Сергей.

Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ма хорзӕхджын ӕрцыдысты ерысты хуыздӕр хъазӕг, размӕбырсӕг, хъахъхъӕнӕг ӕмӕ къулдуаргӕс.

"Турниры 12 командæйӕ алкӕцыйӕн дӕр уыд фӕйнӕ фондз фембӕлд, уый хыгъд финалмӕ ахызтысты цыппар командӕйы. Фыццаг бынатыл тох кодтой дыккӕгӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм скъолайы командӕттӕ, ӕртыккаг бынатыл та фарастӕм скъола ӕмӕ гимнази "Рухс"", — радзырдта турниры сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Пухаты Руслан.

Турниры ӕрыгон футболистты тохмӕ йӕ цӕст дардта Левы фыды æфсымæр, футболы скъолайы сгуыхт кусӕг Козаты Вячеслав.

"Лев тынг уарзта футбол ӕмӕ ӕз бузынг дӕн, йӕ ном ын кӕй ссардтой спортивон мадзалӕй. Хорз уаид, сæ цард цы ӕндӕр лӕппутӕ радтой Ирыстоны сæрвæлтау, уыдон номыл дӕр куы цӕуит спортивон ерыстӕ", — загъта уый.

Турнир ацыд фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет, æхсӕнадон организаци "ЗИУ", ахуырад ӕмӕ хъахъхъӕнынады министрӕдты ӕмархадӕй.

Ирыстоны хъайтар Козаты Лев фæмард 2008 азы августы Гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Знаджы ныхмӕ тох кӕнгӕйӕ уый равдыста стыр хъӕбатырдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0