Цкъайты Владимиры идæдз: нæ сыхаг басаст, уый кæй фехста Плиты Роланы

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЦкъайы идæдз: нæ сыхаг басаст, уый кæй фехста Плиты Роланы
Цкъайы идæдз: нæ сыхаг басаст, уый кæй фехста Плиты Роланы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цкъайы фырты сыхаг фехъусын кодта, кæй фехста ОМОН-ы кусæджы хи бахъахъхъæныны тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Цкъаты Владимиры сыхаг бацыд Фæдагурæн комитеты фæдагурæн управленимæ æмæ басаст, кæй фехста милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорды кусӕг Плиты Роланы, фехъусын кодта портал "Абон"-æн Цкъаты Владимиры идæдз ус.

"Нӕ сыхаг Быкуылты Марик бацыд Фæдагурæн комитеты фæдагурæн управленимæ æмæ басаст, хи бахъахъхъæныны тыххæй кæй фехста милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорды кусӕг Плиты Роланы 31 октябры", — æрхаста "Абон" Цкъаты Зифæйы ныхæстæ.

Цкъаты Владимир амард Республикон клиникон рынчындоны, полицийы хайады æрфарсты рæстæджы. Цкъайы фырты буарыл уыд бирæнымæц цæфтæ æмæ фыдæвзарæнты фæдтæ.

"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фæдыл æрцахстой полицийы кусджытæй æртæйæ. Ацы хъуыддаджы фæдæвзарæн ис республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан æмæ Цæгат-Кавказаг федералон зылды УФ президенты æххæстбарджын минæвары аппараты хъусдарды бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0