УУМ сбæрæг кодта Цхинвалы хæдзæртты басыгъды аххосаг

© Sputnik / Руслан ТадтаевУУМ сбæрæг кодта Цхинвалы хæдзæртты басыгъды аххосаг
УУМ сбæрæг кодта Цхинвалы хæдзæртты басыгъды аххосаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлвӕткон уавӕрты министрады специалисттæ сбæрæг кодтой, ивгъуыд майрæмбоны цы зынгсирвæзт æрцыд, уый аххосаг кæй ссис электрон телты цыбыр ныдзæвд.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Цхинвалы Уирæгты кварталы майрæмбоны цы зынгсирвæзт ӕрцыд, уый аххосаг ссис электрон телты цыбыр ныдзæвд, фехъусын кодта Sputnik УУМ-ы сæргълæууæг Санахъоты Сергей.

Зынгсирвӕзты рӕстӕджы Уирӕгты кварталы басыгъдысты æртæ хæдзары æмæ ма дыууæйӕн та æрхастæуыд зиæнттæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ, цыбыр ныдзæвд æрцыд хæдзæрттæй иуы уæлхæдзары.

"Зынгсирвæзты размæ электрон телы тынг уыгъта тыхдымгæ. Æхсæвы телы ныдзæвд асайдта егъау зынсирвæзтмæ. Иу амонд ма уыд, æмæ хæдзары сæрмæ фæздæг рæстæгыл суыдтой сыхæгтæ æмæ уый фæрцы удзиæнттæ не ‘рцыд", — загъта министр.

Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, æнæ хæдзарæй цы адæм баззад, уыдон æрцæрын кодтой æххуырст цæрæнуӕтты, арендæйы æхца та сын фиддзæн горæты хицауад.

Ацы аз республикæйы æрцыд 22 зынгсирвæзты. Уыдон фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг, кæцы фæхуыдуг ис хæдзары мидæг фæздæгæй.

Ацы аз хъæдджын территоритыл зынгсирвæзттæм сыгъдхуыссынгæнæн бригадæтæ сарæзтой 446 ацыды, ивгъуыд аз та æрмæстдæр 146.

Ног хабӕртты лентӕ
0